Гуырдзыстон –Цæгат Македони  абон 22:45 сахатыл, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл
Гуырдзыстон –Цæгат Македони абон 22:45 сахатыл, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл

Абон 14 октябры   Гуырдзыстоны националон  æмбырдгонд, уазæгуат, горæт Скопиейы  нысаниуæгджын  æмæ  принципон  матчы, фæбыцæу уыдзæн  Цæгат Македонийы  æмбырдгондимæ. УЕФА-ы  Нациты Лигæйы  С дивизионы  дыккаг къорды, фæйнæ 5  баллимæ,  Цæгат Македони æмæ Гуырдзыстон  сты  лидертæ –  ацы  æмбырдгæндты фыццаг фембæлд  Тбилисы  хыгъдæй  1:1   фæцис.  Цыппæрæм  туры  матч  Цæгат Македонийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  14 октябры, Тбилисы рæстæгæй  22:45 сахатыл райдайдзæн. Комокммæ телерепортажы  радæтдзæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.