Гуырдзыстон-Белорусы  иттæг нысаниуæгджын матчы  телерепортаж   равдисдзæн  Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал.
Гуырдзыстон-Белорусы иттæг нысаниуæгджын матчы телерепортаж равдисдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.

«Белорусимæ  матчы онг  1 мæй раздæр,  билеттæ  иуылдæр ауæй  сты!» – информаци хъусын  кæны Футболы  Федерацийы  фейсбук-фарс.

Уый  дунейы   футболы  историйы  иуæй-иу стæм  факт у,  уымæн  æмæ   матчмæ  билеттæ, фембæлды онг иу мæйæ раздæр  æнæхъæнæй   ауæй сты.

Футболы  Федераци  билетты  онлайн  уæй кæнын 15  февралы райдыдта  æмæ  æхсæз бонмæ  раст се рдæг   ауæй кодта.

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  футболы,  Белорусы  националон  æмбырдгондимæ, Евро 2020-ы плейофы  фембæлды, 26 марты Тбилисы, «Динамо Аренайыл»  схæцдзæн.  Уæлахизгонд æмбырдгонд  31  марты, фембæлдзæн  Цæгат Македонийы æмæ  Косовойы  æмбырдгæндты æхсæн чи фæуæлахиз уыдзæн  уыцы  æмбырдгондимæ,  æмæ  ацы  дыууæ матчы  фæстиуæгæн уæлахиздзау та   ахъаздзæн Евро 2020-ыл.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд,  30 азон хæдбардзинады историйы  нæдæр Дунейы  Чемпионатыл никуы   хъазыд, нæдæр Европæйы   чемпионатыл,  æмæ  кæсджыты ахæм  интерес  æнцонæмбарæн у.

????

???? ბელარუსთან მატჩამდე 1 თვით ადრე ყველა ბილეთი გაიყიდა!

Posted by Georgian Football Federation on ოთხშაბათი, 26 თებერვალი, 2020