Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны æнæмдзырд фадыгыл сырæзт инцидент, ахст æрцыд иу гоймаг
Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны æнæмдзырд фадыгыл сырæзт инцидент, ахст æрцыд иу гоймаг

Мидхъуыддæгты министрады  арæйнон  пъæлицæй кусджытæ,  æхсæнгарз æнæзакъононæй  балхæд-бавæрд-дарын æмæ    амынæт  скæныны  аххосагæй,   Гуырдзыстон-Азербайджаны  сурзæххон  арæны  æнæмдзырд  фадыгыл  æрцахстой Гуырдзыстоны  æмбæстаг  Г.И.-ы.

«Цæугæ азы  14  январы  Гуырдзыстоны æмбæстаг  – Г.И.  уыд  арæйнон зонæйы. Уый  æхсæнгарзæй  æмæ  гранатæйæ  спайдакæныны æртъхъирæнæй,  гуырдзиаг  арæнхъахъхъæнæгы тыхыбын бакодта  ахызтаиккой  арæны  æнæмдзырд  фадыгы æрдæм.

Инциденты  дæргъы  Г.И.  æхсæнгарзæй  цалдæр хатт  фехста.  Гурдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  арæйнон  пъæлицæйы кусджыты оперативон  æмæ  эффективон  куысты  фæстиуæгæн,  ситуаци  тагъд  ифтыгъд уагъд æрцыд.

Ацы   рæстæгмæ инцидент  æнæхъæнæй  æрсабыр», –  хъусын  кæнынц   МХМ-ы.

Уагдоны хъусинагæй,   мидхъуыддæгты министрад   фæнысангонд  инцидентмæ  гæсгæ, эффективон æмгуыстады  тыххæй  азербайджайнаг  коллегæтæн  бузныг  загътой.