Гуырдзыстон арæнтæ гом кæны, Германийæн, Францæн, Латвийæн, Лиетувæйæн æмæ Эстонийæн
Гуырдзыстон Евроцæдисы цалдæр бæстæимæ арæнтæ байгом кæндзæн.
Гуырдзыстоны премьер-министры уынаффæгæнæг Ирклий Чикованийы фидиуæнæй, ацы бæстæтæ сты: Германи, Франц, Латви, Лиетувæ æмæ Эстони.
Афтæма Ираклий Чикованийы информацийæ, зæгъгæ уæлдæрбанысангонд фондз бæстæйы æмбæстæгтæн/резиденттæн сæ бон уыдзæн цыфæнды хуызы визитæй Гуырдзыстонмæ æрмæстдæр комкоммæ уæлдæфон фæндагæй æрцæуын.
Уымæй уæлдай, Гуырдзыстоны арæныл рахизыны онг уыдон хъуамæ баххæст кæной сæрмагондæй бакуыст специалон электронон анкетæ, кæцыйы мидæг хъуамæ бавдисой æрбацыды онг 14 боны дæргъы балцы истори, Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы цæрыны бынат, контактон информаци æмæ æнд.
Афтæдæр семæ разыйæ кæнæ та арæныл термоскринигы фæстиуæгæн, 37 градусæй бæрзонддæр тæвды фæбæрæгы цауы, аэропорты ацæуой «PCR »тест.
Афтæдæр æнæмæнг уагæй тестæй басгæрст кæнæ карантины режиммæ ахиздзысты уыцы гоймæгтæ, кæцытæм фæстаг 14 боны дæргъы, Евроцæдисы æнæуæнг бæрзонд рискы бæстæтæм балцы историй ис.