Гуырдзыстон æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн  бафыст æрцыд стратегион партнерады фæдыл бадзырд
Гуырдзыстон æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн бафыст æрцыд стратегион партнерады фæдыл бадзырд

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани  æмæ  Иугонд Паддзахады  фæсарæн  æмæ   æмгарады  хъуыддæгты  нымæрдар,  Доминик  Рааб  2019  азы 21 октябры, Лондоны  къух  бафыстой  «Гуырдызстоны æмæ  Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы  Иугонд  Паддзахады  æхсæн, стратегион  партнерады  æмæ æмкуысткæнынады» бадзырдыл.

Бадзырд  Брекситы фæстæ Стыр Британиимæ дыууæфарсон   ахастыты  фæивдзæн Гуырдзыстоны æмæ   Евроцæдисы æхсæн  уæвæг  ассоциацидзинады бадзырды.   Документ  æххæссы  æмкуысткæнынады  уæрæх спектрмæ æмæ  æвзæрын кæны  барадон фæлгæт   стратегион  партнерадæн, афтæдæр,  ифтонг  кæны   сæрибар базарады   режим химæ æруадзын Гуырдзыстон æмæ Стыр Британийы  æхсæн.

Бадзырд йæ хъуыдыйы  дары  æмкуысткæнынад, æндæр æмæ æндæр сферæты, сæ нымæцы:  æддæ æмæ  æдадсзинад  политикъæ; æхсæнадæмон барады принциптæн цыт кæнын; конфликтты сабырадон фæндагæй  аскуыддзаг баахъаз кæнын; экономикон  диалог; транспорт; энергетикæ; æрдзы  хъахъхъæд æмæ  климаты ивдимæ  тох; индустрион æмæ  амалиуæгон  политикъæ, инновацитæ; финансон   сервсистæ; информацион  коммуникациты технологитæ; туризм; хъæууон хæдзарад; социалон  политикъæ æмæ æнæнизхъахъъæд; ахуырады æмæ культурæйы къабæзтæ; афтæдæр регионалон æмкуысткæнынад æмæ æнд.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ  бадзырд йæ  хъуыдыйы дары  сæрибар базарады режим æмæ   фæлхат кæны  Гуырдызстоны æмæ  Евроцæдисы  æхсæн арф æмæ  æппæтылæххæссæг  сæрибар базарады  (Deep and Comprehensive Free Trade Area – DC FTA) уагæвæрдтæ.