Гуырдзыстойнаг уотерполойæ æмбырдгонды фыццаг уæлахиздзинад (видео)

Барселонæйы  Европæйы  чемпионат уотерполойæ (доны пурти)  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  фыццаг матч  рамбылдта.   Æртындæсæм бынатæн  цæугæ   плейофы  фыццаг матчы  Гуырдзыстоны спортсментæ  Турчы   æмбырдгонд басастой  æмæ  ныр   скуыддзагæнæг  фембæлды, Словакийы æмæ Мальтæйы  æхсæн  уæлапхиздзауимæ  фембæлдзысты.

Гуырдзыстоны æндæогъ   фæбæрæг уыдзæн абон, æртындæсæм  бынатæн  скуыддзаггæнæг   матч  та 24  июлы    ацæудзæн.

Цыдæриддæр та   абоны   матчмæ  æххæссы,   Гуырдзыстоны æмбырдгонд  фыццаг   минуттæй   æнтыстджынæй   акодта  йæ хъазт  æмæ  суанг кæронмæ  сæрмагонд уæлахисдзинадмæ  гуырысзойы  цæстæй   бакæсыны  æфсон иу  уысмæй  дæр нæ  ратта.  Кæронбæттæн  хыгъд у  15:10 (6:3, 1:1, 3:3, 5:3) Гуырдзыстоны пайдайæн.