«Гуырдзиаг Бренды Бон 2019»-ы Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы дыууæ алæвæрд схорзæхджын кодтой
«Гуырдзиаг Бренды Бон 2019»-ы Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы дыууæ алæвæрд схорзæхджын кодтой

Националон  Ббренды  хорзæхджын кæныны   церемонийыл   Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  дыууæ проекты – «Ахали Дгъе»  æмæ «Ферма» схорзхæджын кодтой,  куыд   хуыздæр   рейтингон æмæ   æууæнкаг телепроекттæ.

«Гуырдзиаг бренды бон 2019»-ы  фæлгæтты,  уæлахизгондты равзæрстой    авд номинацийæ:  лидер,  репутаци  æмæ æууæнк,  æнтыстджын ног бренд,  æнтыстджын телепроект,  æнтыстджын  æхсæнадæмон  проект, æнтыстджын инвестици, брендперсона.

«2020   азы  Фермæйыл сыххæст уыдзæн  10 аз.  Махæн  уый  тынг  цытджын  хорзæх  у,  бренды  статус.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ  уымæй   бæрзонд аргълæвæрд райста  нæ  куыст,  нæ акæнджыты, режиссеры,  журналистты, операторты,  монтажгæнджыты куыст. Алæвæрд  цæттæ  кæнæм æнæхъæн балæй  æмæ  нын ахæм бæрзонд  аргъ кæй  скодтой,уый ныны фылдæр мотиваци дæтты,  цæмæй  фылдæр  саразæм,   хуыздæр æмæ фылдæр  фермерты равдисæм, амалиуæггæнджыты,   адæймæгты,  кæцыты  продукци  сæ бакуыст быдыртæй  нæ  хæдзæрттæм фæхæццæ  вæййы» – райхъусын кодта  алæвæрд «Ферма»-ы  автор æмæ  продюссер, Тамар Болквадзе.

«Ахали Дгъе»-йы  акæнæг  Давит  Горгиладзе  раарфæ  кодта  «Гуырдзиаг Бренды боны» организатортæн.

«Ам мæ  фæнды  раарфæ кæнын   æндæр уæлахиздзаутæн. Ацы  хорзæх  уый  бæлвырдгæнæг у, цææмй  сæйумæрайсомы  05:00 сахатыл  сыстын  хуымæтæджы  нæу æмæ   ацы  куыст  дарддæр кæнын, æцæгдæр уый  аккаг у»- банысан кодта Давит Горгиладзе.