«Гуырдзиаг Бæллиццы»  скондæй  æхсæз депутатæ  рацыд
«Гуырдзиаг Бæллиццы» скондæй æхсæз депутатæ рацыд

Гуырдзыстоны парламенты æхсæз  уæнг, парти «Гуырдзиаг Бæллицц»  ныууагъдтой.

Уый фæдыл  парламенты  лæвæрд брифингыл  Гуры æмæ Каспы  мажоритар  депутат, Гиорги Ходжеванишвили  фехъусын кодта.

Ходжеванишвилиимæ иумæ, партийæ  рацыдысты   депутаттæ: Бека Лилуашвили, Ана Бучукури, Александре  Моцъерелиа, Михеил Даушвили, Шалва Къереселидзе.

Гиорги Ходжеванишвилийы дзырдæй, зæгъгæ, Гиорги Гахариайы  балы уæнгтæ  сты æмæ абонæй  хизынц партийы  арæзтады этапмæ.  Уыдон  сæ куыст адарддæр кæндзысты  хæдбар депутатты рангы.