Гуырдзиаг Бæллиццы фидиуæнæй,  диалог оппозициимæ  ацы  къуырийы ацæудзæн
Гуырдзиаг Бæллиццы фидиуæнæй, диалог оппозициимæ ацы къуырийы ацæудзæн

Диалог  ацы къуырийы  ацæудзæн, ис йын тынг дзæбæх перспективæ  æмæ стыр  ныфсæй  йæ кæсын, – уый фæдыл  æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе   оппозициимæ  бадзырдты фарстамæ  гæсгæ  банысан кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Кристиан Даниелсоны Гуырдзыстонмæ рарвыст нысан кæны уый  æмæ  Евроцæдисæн  Гуырдзыстон тынг  нысаниуæгджын у.

«Тынг дзæбæх у  Кристиан Даниелсоны Гуырдзыстонмæ æрцыд.  Евроцæдис йæ  специалон  минæвары снысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны быцæудзинад æмæ  эскалаци  кæронмæ фæуа. Уый æппæтæй  бæрæг у, цæмæй Евродцæдисæн Гуырдзыстон у иуæй-иу сеппæтæй  нысаниуæгджын  бæстæ.   Нæ хъуыды кæнын, цæмæй  Евроцæдисы æрдгæй  ахæм типы медиаци  уыдаит искæцы бæстæйы,  уымæ нæкæсгæйæ,  цæмæй политикон  кризис  бирæ  падзахады ис.  Тынг дзæбæх сигнал  у  уый амонынæн,  ома Евроцæдисы Гуырдзыстон хъæуы.  Уый цæмæй Гуырдзыстоны уа  стабилон æмæ сабыр  уавæр. Афтæдæр  сигнал у  хицауад æмæ оппозицимæ, цæмæй  алцыппæт хъуамæ саразæт  кризис аскуыдздагæн.  Алчи иумæ хъуамæ  архайæм, цæмæй  диалогы фæндагæй   ацы  уавæрæй  рахизæм  æмæ адарддæр кæнæм сабырæй  рæзын.

Ацы диалогæн тынг дзæбæх перспективæ  ис æмæ йæм стыр ныфсæй  кæсын. Диалог уыдзæн ацы къуырийы, фыццаг фембæлдтæ  уæддæр  фидæн къуырисæры онг хъуамæ ацæуа.  Ныфс мæ ис,  исты рахатинаг  фæстиуæг   фыццаг фембæлдыл уыдзæн.  Нæ  бадзырдты  темæ  уыдзæн  уыцы  фондз фарст, кæцытæ  разыгонд  уыдысты Шарль Мишелимæ, 6-æм пункт æххæссы медиаци адарддæр кæнынмæ», – райхъусын кодта Самхарадзе.