«Гуырдзиаг  Бæллиццы»   централон офисы цур, «Гуырдзиаг Марш» уадзы  протестон акци
«Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы цур, «Гуырдзиаг Марш» уадзы протестон акци

«Гуырдзиаг  Бæллиццы»   централон офисы цур, «Гуырдзиаг Марш» уадзы  протестон акци.  Акцийы  хайадисджытæ хъусын кæнынц, цæмæй   «Гуырдзиаг Бæллицц»  æвзæрстытæ  фæмæнг кодта  æмæ  сын сæ хъæлæстæ адавдта.

«Гуырдзиаг  Маршы»  иуæй-иу   лидер  Сандро  Брегадзе   хъусын кæны, цæмæй æвзæрстытыл   уыдонæн æмтгæй райсгæйæ 15 000  хъæлæс  адавдтой  æмæ уыдон хъæлæстæ  сæрыл   тох кæнын хъавынц.   Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   акцийы  хайадисджытæ  курынц  æмгъуыдагъоммæ  нæ  фæлæ    бынтон  ног æвзæрстытæ ауадзын,  æмæ ацы  æркуырдæй   цалдæр бонмæ   канцелярийы цур,   æнæмгъуыд нæхæргæ  протест  райдайдзысты.

Акцийы  хайадисджытæ  «Гуырдзиаг  Бæллиццы»   лидертимæ  фембæлын курынц.

«Адон æвзæрстытæ нæ  уыдысты,   ай  уыд  спецопераци  гуырдзиаг адæмы ныхмæ.   Уый тыххæй   хицауаж   кæцы   ацы   худинаггаг, фæмæнггонд æвзæрстытæ  ауагъдта, хъуамæ аива   йæ фæстиуджытæ  æмæ  снысан уа   ног парламентон æвзæрстытæ. Адавдтой нын нæ  хъæлоæстæ. Алы партиимæ   солидларон стæм, кæцытæй  хъæлæстæ  адавдтой, фæнды   радикалонæй   хъауджы   цæстæнгасы  фарсхæцæг уæт  махæй» – райъ

Уцсын кодта Брегадзе.

Бынатыл  мобилизацигонд сты барадхъахъхъæнджытæ.