Гуырдзиаг аргъуаны  бæрзонд рангы  уæнгтæ дарддæр кæнынц  кæрæдзийы æргом кæнын
Гуырдзиаг аргъуаны бæрзонд рангы уæнгтæ дарддæр кæнынц кæрæдзийы æргом кæнын

Аргъуаны  мидæг цы   амæлæты  уавæр æмæ кризистæ ис, уыдоныл  æххæст бæрн æвæрын  Патриархыл  æмæ йæ  алыварс уæвджытыл –  ахæм дзуапп  дæтты  Бардарæг  Петре Цаава  бардарæг  Иакобы  зноны  фидиуæнтæн.

«Цæй  зæгъын æй хъæуы, Синод  æнæаргъæвгæйæ   хуъамæ æрымбырд уа, фæнды  ацы  зноны  скандалы  тыххæй.   Бæрн йæхимæ хъуамæ райса  Каталикос-Патриарх,  алы  ацы фидиссаг   уавæры æмæ кризисы  тыххæй, кæцы  аргъуаны  æрбынат кодта æмæ кæцы  рабæрæг ис» – райхъусын кодта  Бардарæг Петре.

Знон телекомпани  «Пирвели»-ы эфиры  Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы корепископ  Иакоб райхъусын кодта,   цæмæй зæгхгæ хицауады минæвæрттæ   йемæ, Патриархы  фæивыны  темæйыл  бадзырдтæ  райдаын хъавыдысты.   Уый  ранымадта  фембæлды  хайадисджыты – уæдиккон  премьер  Гиорги Къвирикашвили, нырыккон   премьер Гиорги Гахариа  æмæ ПÆК-ы  раздæры  къухдариуæггæнæг   æмæ ныр  мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури.   Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   ацы «сусæгвæнд» бадзырды  хайджын уыдысты  аргъуаны минæвæрттæ  дæр – дæнцæ, Бардарæг Петре æмæ  кастæуыд æндæр æмæ æндæр  веристæ – сæ нымæцы,  Патриарзхы  марындзинады гæнæн дæр.

Бардарæг Иакоб дзуары, цæмæй  зæгъгæ Патриарх алцыдæр зоны.

Бардарæгы дзырдæй, уымæ ис алхуызæн документ æмæ  дзуры, цæмæй зæгъгæ, кæд  хицауад  афтæ адарддæр кæндзæн, уæд  хъæлæстæ  нал  райсдзæн.