Гуырдзиаг æфсад бæрæгбон  кæны бындурæвæрды 29-æм азы  сæр
Гуырдзиаг æфсад бæрæгбон кæны бындурæвæрды 29-æм азы сæр

30 апрелы Гуырдзыстоны   хъахъхъæнынады  тыхты  бон у.  Абон Гуырдзиаг æфсад,  бындурæвæрдæй  29-æм азы  сæр бæрæгбон кæны.

1990 азы  декабры  Гуырдзыстоны  Республикæйы  Бæрзонддæр  Советы уынаффæйæ,  Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты министрадмæ  арызт æрцыд   мидæггаг æфсад –  Националон гварди.  Гуырдзиаг  æфсады дарддæры  рæзынад  цыд  Националон Гвардийы  бындурыл.

1991 азы  24  апрелы   Гуырдзыстоны  министрты   кабинет  рауагъдта бардзырд,  æфсадмæ сидтонты  асидты  фæдыл.  30  апрелы æфсадмæ асидт   официалонæй райдыдта, растдæр   ацы  бон  ссис  гуырдзиаг  æфсады  бындурæвæрды   райдайæн  тæпп.

Информаци  ахæлиу  кодта  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.