Гуырдызстоны юстицийы министрад – Уæрæсейы ныхмæлæудмæ æнæксгæйæ, Европайы советы министрты кабинет «депортиргондты хъуыдтагыл» ногæй дебаттæ 2020 азы марты ауадзыны æскъуыддзаг райста

Гуырдызстоны юстицийы министрад дзуапп дæтты Уæрæсейы медийы апарахатгонд информацийæн, кæцымæ гæсгæ, Уæрæсе ссардта фæндаг, адæймагы барты европон тæрхондоны ист æскъуыддзаг кæцы 10 милуан евро Гуырдзыстонæн нæ бафиддзæн.

Юстицийы министрады сидынц, цæмæй Уæрæсейы ныхмæлæудмæ æнæксгæйæ, Европайы советы министрты кабинет «депортиргондты хъуыдтагыл» ногæй дебаттæ 2020 азы марты ауадзыны æскъуыддзаг райста.

«2018-æм азы 3-5 декабры министрты кабинет, Гуырдызстоны æркуырдæй, а.х. депортиргондты хъуыдтаг ногæй саргъ кодта. 2019-æм азы сентябры рабадтмæ гæсгæ, комитет райста Гуырдызстоны хицауады æвдыст амргументтæ æмæ Уæрæсемæ басидтис  10 милуан евройы бафидын Гуырдызстонæн.

Комитет банысан кодта, цæмæй Страсбургы тæрхондоны æрдыгæй Уæрæсейæн снысангонд рæстадон æскъуыддзаг у хæслæвæрд æмæ тыхстдзинад расидтис уыцы факты фæдыл, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе ацы рæстæгмæ кæй нæ сыххæст кодта тæрхондоны ист æскъуыддзаг æмæ нæ бафыста компенсацитæ Гуырдызстонæн», -ис фыст юстицийы министрады фидиуæны.