Гуры, Сачхерейы æмæ Ахалгоры  оккупацигонд  хъæуты   абонентты  электроэнергийы  хæс паддзахадон бюджетæй   бамбæрздзысты
Гуры, Сачхерейы æмæ Ахалгоры оккупацигонд хъæуты абонентты электроэнергийы хæс паддзахадон бюджетæй бамбæрздзысты

Уæрæсейы Федерацийы  сæххæст æфсæддон   агрессийы  фæстиуæгæн   оккупацигонд территоритыл – Гуры,  Сачхерейы æмæ Ахалгоры   муниципалитетты  хъæуты  абонентты  бахардзгонд  электроэнергийы   аргъ,  бамбæрздзæн паддзахадон бюджет.

Хицауады   барамындæй,  суммæты   рауæлдай  бахæс кодтой   экономикæйы  министрадæн.   Æмбæлон  хыгъдлæвæрд та,  паддзахадон  компани  «Энерго-Про Джорджиа» бавдыста.

Дзырдæуы  2018  азы  ноябрæй  2019  азы   ноябры  банымадæй  бахардзгонд  электроэнергийы   аргъыл.

Суммæтæ рауæлдай уыдзысты  бюджетæй, «цæрджыты  электроэнергийæ æмæ æрдзон газæй    пайдакæнынад фæхуыздæры»  программæйы   фæлгæтты.