Григорий Карасин - Уырнæг дæн цæмæй Женевæйы бадзыртдтæ куы нæ уаит, æртæ-æхсæз мæймæ сног уыдаиккой хæстон архæйдтыт
Григорий Карасин - Уырнæг  дæн цæмæй  Женевæйы бадзыртдтæ куы нæ уаит, æртæ-æхсæз  мæймæ сног уыдаиккой   хæстон архæйдтыт

Уырнæг  дæн цæмæй  Женевæйы бадзыртдтæ куы нæ уаит, æртæ мæйы  фæстæ,  кæнæ æрдæг афæдзы фæстæ,  сног уыдаиккой   хæстон архæйдтытæ – уый  фæдыл Фыццаг Къаналимæ  эксклюзивон интервьюйы  рæстæджы   загъта  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин.

«10 азы рацыд  хæстæй нæ  фæлæ,  Гуырдзыстоны агрессийæ.  2008 азы  августы  трагикон  фæзындтæй  мах  бахъом стæм  ацы механизмы  саразын,  кæцы  хуыйны Женевæйы  бадзырдтæ.  Периодон фембæлдтæ  уагхд цæуынц  уый  тыххæй,   цæмæй Тбилисы, Цхинвалы æмæ Сухумы минæвæрттæ,   Уæрæсейы, АИШ-ы  æмæ   æмсæрдæрттимæ иумæ  æркæсой, цææмй  куыд  æрбиноныг кæнæм  иумæйаг сабыр æмцард  æмæ   куыд  бамбарæм нæ кæрæзийæн.  Ис дзы  претензитæ  кæрæдзийы  æрдæм,  иуæй-иу тæ тынг тызмæг дарынц сæхи,  иннæ та  сæхи рæстытæ кæнынц. Афтæ  уыдис абон дæр» –  банысан кодта Карасин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  сæйраг у, цæмæй  адæм æмбæлынц  кæрæдзиимæ  æмæ  «æнæаскуынгæ  проблемæтæ  нæ ныгæнынц».

«Уырнæг дæн  Женевæйы бадзырдтæ куы нæ уаит, уæд  æртæ мæйы, кæнæ æрдæг афæдзы фæстæ, сног уыдаит  хæстон архæйдтытæ.  Тынг мæ уырны  уый.  Ацы механизм  нæ хизы  агрессийæ.  Фæнды нæ, цæмæй  алчидæр  уа    позитивыл æмæ  æмкуысткæнынадыл  ориентиргонд. Æрцæуынц трагедитæ.  Инциденттæ дæр вæййынц.  Хатдзæгтæ саразынæн та  ис   Женевæйы бадзырдтæ.   Ацы бадзырдты фæстиуæг у  сабырад.  Сабырад нæ фæлæ, растдæрæй йæ  куы  зæгхæм ,  гарзджын  быцæудзинады нæуæвын.  Цæй зæгъын æй хъæуы, уымæн ис  бирæ  аххос.  Адæмы фæнды нормалон цард кæнын, фæлæ статусмæ гæсгæ фарстатæ нырма  скуыддзаггонд не сты» –  райхъусын кодта Карасин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  сегасæй вазыгджын  фарстытыл дæр зæгъгæ  хъæуы  адæймагон ныхас.

Женевæйы уагъд цæуы  æхсæнадæмон  бадзырдты 44-æм раунд.