Григорий Карасин – НАТО-йы æрдгæй Гуырдзыстонæн æхсæнгарзы алæвæрд фæактивондæр ис
Григорий Карасин – НАТО-йы æрдгæй Гуырдзыстонæн æхсæнгарзы алæвæрд фæактивондæр ис

Мæскуы  рахатыд  НАТО-ы  бæстæты æрдгæй  Гуырдзыстоны хæстифтонгады фæактивондзинад –  уый фæдыл  агентад  «ТАСС»- имæ   интервьюйы  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг  Григори Карасин   загъта.

«Мах уынæм Гуырдзыстоны  АИШ-ы æмæ НАТО-йы  активизацийы.  Цфирæтæ не рхæсдзынæн  фæлæ  нысаниуæгджынæй  фæактивон  ис  æхсæнгарзы алæвæрд.  Уынæм  Гуырдзыстоны  регулярон  гарзджын тыхтæн Вазианийы    нырыккон  ахуырадон центрæй  трансформацийы.  Уый нæ  фæты æфтауы, мах, Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны  нæсыхæгты» –   загъта Григорий Карасин.

Æввахс фидæны  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  уæнгтæм  гæнæн райсты фæдыл фарстæн  уырыссаг дипломат  ахæм дзуапп ратта: «Цæй  ма   фæзындтæм банхъæлмæ кæсæм  æмæ  нæ ныфс ма фесафæм» зæгъгæ.

«Йæхи æрдгæй  Уæрæсе адарддæр кæндзæн  кусын уый тыххæй,  цæмæй   регионыæддæ  æфсæддон-политикон   блоктæ   ма  баввахс уй  нæ арæнтæм  æмæ  ма сцырын кæной уыцы зындзинæдтæ,   кæцытæ æнæуый дæр ис нæ сыхæгты æрдæм» – банысан кодта министры  хæдивæг.