Григол Вашадзе -  Мах  ацы  æвзæрстыты  ныридæгæн  фæуæлахиз стæм
Григол Вашадзе - Мах ацы æвзæрстыты ныридæгæн фæуæлахиз стæм

Мах ацы  æвзæрстыты  фактонæй  фæуæлахиз стæм – уый фæдыл  «Националон Змæлды»  президенттæм кандидат  Григол Вашадзе «Рустави 2»-ы  æмæ «Гуырдзиаг БÆллиццы»   уагъд  эгзитполты  фæстиуджытын аргълæвæрды  рæстæджы   райхъусын кодта.

ЙÆ  ныхæстæм гæсгæ   ацы уæлахиздзинад    уыцы   адæмы  æнтыст  у,   кæцы    алцыппæт аргъæвдта  æмæ    оппозицион    иугондмæ æрбаиу  ис.

«Сæйраг у  уый  цæмæй    мингай   адæймагмæ байхъуыстам  æмæ  Гуырдзыстоны  иунæг регион, иунæг хъæу æмæ сахар  нæ ныууагъдтам  афтæ  цæмæй    адæмимæ ма  аныхас кодтаиккам.  Мах  сбæлвырд кодтам  сегасæй  сæйрагдæр цы  у уый,   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фæнды  позитивон ивдтытæ.   Адæмы нал хъæуы «Курдули Оцнеба» (Кæрныхты  Бæллиццы) хицауад,   хъуырмæ  сын æссыдис  йæ  гæдымитæй  æмæ  йæ  хъизæмары  камерæтæй.  Мах æмæ    хицауадон  канидадты  фадæттæ  сбарут кæрæдзиимæ.   Уый  у медлицинон диагноз.  Æнæкæсгæ  уымæ, æнæкæсгæ фæмæнг кæнынмæ,  æнæкæсгæ  массон гæртам раттынмæ,   æнæкæсгæ администрацион  ресурсмæ,   мах сæ  абырстам.  Фыццаджы дæр та,  Рамбылдтам Гуырдзыстоны  пайдайæн» – райхъусын кодта  Григол Вашадзе.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ ныр триумфы афон   нырма нæу,   уымæн æмæ æвзæрстыты   официалон фæуды  онг   нырма  бирæ  куыст ис.