Грецийы  зынгсирвæзты зонæйы,  Гуырдзыстоны  дыууæ  æмбæстагимæ  бастдзинад аскуыдис
Грецийы зынгсирвæзты зонæйы, Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагимæ бастдзинад аскуыдис

Грецийы  Гуырдзыстоны минæварады  информацийæ,   зынгсирвæзты  зонæйы,   Гуырдзыстоны  дыууæ  æмбæстагимæ  бастдзинад  аскуыдис зæгъгæ.

Минæварады информацийы  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   знон æхсæвы  фæстæ,  минæварады   тæвд хаххмæ,  дыууæ хатт фæдзырдтой  Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы   фæдыл,   кæцытимæ   ацы уæнгты  бинонтæн бастдзинад   скæнын нал  æнтысы.

«Минæварады  консулад сæ  интесивонæй  агуры   Грецийы МХМ-имæ иумæ.  Боны   12:00 сахаты  уавæрæй,   зынгсирвæзты   фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  æмæ    госпитализацигæндты нымæцы  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ  нæй.   Минæварад  дарддæр кæны   æрбацæугæ   телефонон дзырттылуайтагъд реагир кæнын  æмæ    сырæзт уавæры  æрвылсахатон   мониторинг» –  банысангонд у   минæварады  фидиуæны.

Грецийы   бынæттон медийы  информацийæ,   Афинæтæм хæстæг,   хъæды  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц, 50-ы  онг райрæзт. Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  минæварады  тæвд хаххмæ фæдзурын сæ бон  у  номырыл +306995779793.