Грецийы зынгсирвæзты тыххæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон у минæварады тæвд хаххмæ фæдзурын номырыл +306995779793
Грецийы  зынгсирвæзты  тыххæй,   Гуырдзыстоны   æмбæстæгтæн  сæ бон у  минæварады тæвд хаххмæ фæдзурын  номырыл +306995779793

Гуырдзыстоны   минæварад  Афинæты   уæлрадон  режимæй  кусы.  Гуырдзыстоны   æмбæстæгтæн,   минæварадмæ фæдзурын,  хъæугæ  цауы,  сæ бон уыдзæн  тæвд  хаххыл,   телефонон номырыл  +306995779793   дзургæйæ.

Уагдоны фидиуæны мидæг   куыд дзырдæуы  афтæмæй,     минæварадæн алы   хъусинагыл  уыдзæн  уайтагъд  реакци.

Уыйимæ иумæ  ма,   минæварады  информацийæ,     уыдонмæ  знон     æхсæвы дæргъы  фæдзырдтой  Гуырдзыстоны  æртæ  æмбæстаг,    кæцытæн  баххуыс кодтой.  Иуы  та  консулады   кусджытæ    зынгсирвæзты  зонæйæ   ракодтой.

Бынæттон   медийы  информацийæ,   Грецийы, Афинæтæм хæстæг, хъæды  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн,  фæмардуæвджыты  нымæц  50-ы онг  райрæзт.