Грецийы хъахъъæнынады министр, зынгсирвæзты уæззау фæстиуджыты æнæзакъононæй арызт хæдзæртты æфсон фæкодта
Грецийы  хъахъъæнынады  министр, зынгсирвæзты уæззау  фæстиуджыты  æнæзакъононæй  арызт хæдзæртты æфсон фæкодта

Грецийы  хъахъъæнынады  министры  ныхæстæм гæсгæ,   зынгирвæзты  уæззау  фæстиуæг æнæзакъонон   арæзтадты  тыххæй  æрлæууыд.  Уый фæдыл  информацийы  хæлиу кæны «БиБиСи».  Грецийы   хъахъæнынады министр  Панос  Каменос  куыд дзуры æафтæмæй,   æмбæстæгты  æрдгæй  хъæды массивы цур æвæрд хæдзæртты тыххæй,   зынгсирвæзты  рæстæджы  хъæутæй  рацæунтæ  æхкæд  æрцыдысты.

Бирæ  хæдзар донбылы  арæзт уыд æнæзакъононæй,   ай  у фыдракæнд,  кæцы стихийы   ахæм  æмбуалгъ   фæстиуæг расидæг  ссис» – райхъусын кодта хъахъъхæнынады  министр. \Уæдмæ  стихийы   зонæмæ ныццæугæ министрмæ фæбыцæу сты бынæттон цæрджытæ.  Æмбæстæгты  дзырдæй,   хицауад  уыдоны  стихийы  рæстæджы  æнæхъусдардæй  ныууагъта.  Зианбаййафджыты  хай  бæлвырд кæны,  цæмæй   æмбæстæгтæн  денджызмæ  ныххизын  амыдтой  уыцы  рæстæджы донбылмæ  бацæуæн  куы нал  уыдис.

Хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн, Атикайы регионы  уæвæг сахарты  Мати æмæ Рафинайы  алы цыппæрæм  хæдзар сыгъд у. Иннæтæ та  – базиан сты.   Ацы  этапыл  фæмардуæвджыты нымæц   официалон  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ  у  85.  Сæдæйæ фылдæр  адæймаг рынчындæтты  сты.  Дарддæр кæнынц  æвæндаг æрбайсæфтувджыты   агурæн  мадзæлттæ  дæр.  Æвæндаг  æрбайсæфтуæвджыты   нымæцы сты  9 аздзыд   фаззон  хотæ дæр.