Гоча Лорткипанидзе - иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæрыл уа мониторинг
Гоча Лорткипанидзе -  иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй  оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты  æрдгæй  уæвæг уавæрыл  уа мониторинг

Алчи тырны, цæмæй  Женевæйы  бадзырдтæн уа фæстиуæг,   фæлæ   хъуамæ æмбарæм ацы  динамикæйы нысаниуæг – уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  Гуырдзыстоны  юстицийы  министры  хæдивæгы  хæсты æххæстгæнæг, Гоча  Лорткипанидзе  фехъусын кодта.

«Ай у  иунæг  формат,   кæцыйы дæр   Уæрæсейы  Федерацийы  минæвæрттимæ аразæм фембæлдтæ  æмæ   конфликты аскуыддзагыл  ныхас кæнæм.  Хъусдард раздахæм  адæймаджы барты  састы, гуырдзиæгты  барты  састыл  æмæ  нын ис  цалдæр нысаниуæгджын  сæйраг  рард.  Цы   трагикон  практикæ  æрфидар ис,  уый ноджы иу хатт бæлвырд кæны,  цæмæй  сæрмагонд хъусдарды  раздахын æнæмæнгæй  хъæуы», – банысан кодта  Лорткипанидзе.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын  у  оккупацигонд территоритыл  адæймаджы барты  æрдгæй  сырæзт  уавæрыл   цæуа æнæаскуынгæ  мониторинг.

«Бадзырдты хайадисджтæн банхъардтам  цалдæр  разæвæрд.  Абон та  фæстæмæ сцырын кæндзыстæм акцент.  Сæрмагондæй принципонæй  фæныхас кæндзыстæм  Татунашвилийы  хъуыддагыл  æмæ   алцыппæт  сараздзыстæм  уый тыххæй, цæмæй   æрлæууа  фыдгæнджыты  дзуаппмæ  раттыны   фарст», –  расидтис Гоча Лорткипанидзе.

Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты  44-æм раунд  цæуы.