Гиоргий Гахария –ай у хæст æнæзынгæ знагимæ, кæцыимæ иуæн дæр нæй уæлахизы шанс, хицауад, æмбæстæгтæн кæд æмæ кæрæдзийы фарсмæ нæ лæудзыстæм

Нæ сæйраг расидæн у, короновирусы апарахаты превенцийы пик ма уа æмæ йæ фарсыл ахизæм. Махæн æнæмæнг у плто, уый у уыцы сæйраг нысан, кæцыйæн дæр кусæм – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахария «Имедийы» эфиры расидтис.

Премьеры аргълæвæрдмæ гæсгæ, вирусимæ тохы, хицауады сæйраг стратегион æмæ техникон къахдзæф у профессионалты максималон бастдзинад æмæ рæстæгон менеджмент.

«Æнæмæнг у бæрзонд организаци, хъусдард æмæ концентраци, ай у хæст æнæзынгæ знагимæ, кæцыимæ иуæн дæр нæй уæлахизы шанс, хицауад, æмбæстæгтæн кæд æмæ кæрæдзийы фарсмæ нæ лæудзыстæм. Нæ æмбæстæгты æнæниздзинад у алкæмæй нысаниуæгджын. « -сиды премьер.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, бæстæ хизы тыгъд апарахаты этапмæ, цæй тыххæй дæр хицауад авæрдта ахæм къахдзæфтæ, изоляцийæ райдайгæйæ æмæ карантинæй фæудæй.

«Мах хъуамæ фæуæлахиз уæм ацы тохы, цæмæй минималон зиан æрхæссæм нæ æмбæстæгты æнæниздзинадæн æмæ нæ экономикæйæн» -банысан кодта премьер-министр.