Гиоргий Гахария АИШ-ы хихъахъхъæнады нымæрдарыл фембæлдзæн
Гиоргий Гахария АИШ-ы хихъахъхъæнады нымæрдарыл фембæлдзæн

Гиоргий Гахария АИШ-ы хихъахъхъæнады нымæрдарыл фембæлдзæн

Гуырдызстоны премьер-минстр Гиоргий Гахария абон АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдар Марк Еспертыл фембæлдзæн.

Фембæлды фæдыл, кæцы Мюнхены 56-æм конференцийы фæлгæтты сырæздзæн Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалиани фæныхас кодта.

«Премьер-министрæн нысаниуæгджын фембæлд уыдзæн, иуæй-иу нысаниуæгджын фембæлд уыдзæн АИШ-ы хихъахъхъæнады нымæрдаримæ.  Нæ сæйраг стратегион партнеримæ æмахастытæ нæ сæйраг приоритет у æмæ хихъахъхъæнад æмæ æдасдзинады сферайы æмкуыстдзинад, кæцы хъуамæ ноджы фæарфдæр уа. Чысыл рæстæджы размæ сырæзт минситериал Брюселы, кæцыйы ныхас цыд Афганистаны операцийы уавæрыл. Гуырдызстон нысаниуæгджын хай хæссы ацы къуымæй æмæ фидæны дæр адаргъ кæндзыстæм нæ сæйраг стратегион партнер АИШ-мæ æмахастытæ», – расидтис Давид Залкалиани.

Министры бæлвырдмæ гæсгæ, конференцийы фæлгæтты уый 20-онг фембæлд сыххæст кæндзæн, куыд коллегатимæ афтæ дæр эксперттимæ.