Гиоргий Гахария æмæ Пентагоны къухдариуæг АИШ-Гуырдзыстоны æнтыстджын æмахастытыл фæныхас кодтой
Гиоргий Гахария æмæ Пентагоны къухдариуæг АИШ-Гуырдзыстоны æнтыстджын æмахастытыл фæныхас кодтой

Гиоргий Гахария æмæ Пентагоны къухдариуæг АИШ-Гуырдзыстоны æнтыстджын æмахастытыл фæныхас кодтой

Гуырдзыстоны премьер-минстр куыстон визит Мюнхены æдасдзинады  56-æм конференцийыл АИШ-ы хихъахъхъæнады уагдоны сæрдаримæ райдыдта.

Ныхасы рæстæджы бахах кодтой АИШ-Гуыырдызстоны æнтыстджын дыууæфарсон æмкуыстдзинад хихъахъхъæнады сферайы æмæ АИШ-ы нысаниуæгджын фарсылхæцындзинад хихъахъхъæнады реформæйы реализацийы æмæ æдасдзинады къуымæй. Бахах кодтой æфсæдтон фадатты фæтыхджыны нысаниуæгдзинад, регионы уæвæг расидæнты къуымæй.

Гуырдызстоны премьер-министр Пентагоны къухдариуæгæн хихъахъхъæнады сферайы Гуырдызстоны нысаниуæгджын финансон фарсылхæцындзинадæн бузныг расидтис æмæ банысан кодта, цæмæй хицауады курс хихъахъхъæнады сферайы æнæивгæ у.

Фарсытæ фæныхас кодтой хихъахъхъæнады размæцыды 2020-2030 азты плантыл, кæцы йæ зæрдыл дары конкретон къахдзæфтæ бæстæйы  хихъахъхъæнады сферайы размæцыдæн.