Гиорги Лукава хъусын кæны, цæмæй æнаххос у уыцы аххоссæгты кæцыты йын абхазаг фарс бавдыста (видео)

Сохумы Драндæйы ахæстонæй   зæгъæн ис  авдазон   ахсты фæстæ ссæрибаргонд  Гиорги Лукава  хъусын кæны,  цæмæй æнаххос у уыцы  аххосгæты,  кæцыты дæр йын абхазаг фарс  бавдыста.

Лукава  Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы куыд   банысан кодта афтæмæй,   уый фæстагмæ  йæ æфхæрды æмгъуыд æрвыста Драндæйы  ахæстоны, цы  ран фыдзæрдæ ахаст нæ рахатытд.

Фарстыл  ссæрибар æй кодтой  искæй  бæсты æви нæ,  Лукава банысан кодта цæмæй  йæм уый фæдыл информаци нæй.

Уый бузныг расидтис  алкæмæн,  чидæриддæр йæ ссæрибары  хъуыддаджы   иста  хайад.

Лукавайæн  Ингуры хидыл, йæ размæ рацыд   реинтеграцийы  фарстыты  паддзахадон  министры хæдивæг  Леван Звиададзе.

Гиорги Лукавайы 2011 азы  майы Галы районы   Земо Баргъебийы  хъæуы  æрцахстой æмæ йын 20 азон ахст стæрхон кодтой.  Абхазаг фарс æй  азымджын кодта  терроризмы.