Гиорги Гвимрадзе - Знон ноджы иу  мæстиаг факты раз ралæууыдысты, акцийы иуæй-иу  хайадисæг, нæ  операторæй  æмбарынгæнæн домтта кадры тыххæй, уæлдайдæр тынг гуырымыхъхъæй  æмæ æфхæргæйæ
Гиорги Гвимрадзе - Знон ноджы иу мæстиаг факты раз ралæууыдысты, акцийы иуæй-иу хайадисæг, нæ операторæй æмбарынгæнæн домтта кадры тыххæй, уæлдайдæр тынг гуырымыхъхъæй æмæ æфхæргæйæ

Знон ноджы иу  мæстиаг факты раз ралæууыдысты, акцийы иуæй-иу  хайадисæг, нæ  операторæй  æмбарынгæнæн домтта   кадры   тыххæй,  уæлдайдæр тынг гуырымыхъхъæй  æмæ æфхæрæн ныхæстæй –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы    ног æмæ  цæугæ  хабæртты  блокъы  директор   Гиорги Гвимрадзе  фыссы  социалон хызаджы.

«Фæнды мæ  зæгъын  акциты организатортæн.  Фыццаг –  æмбарынгæнæн дæттын.  Фыццаг Къаналы рард у  ацы  акцитæм  гæсгæ, æхсæнадæн бадæтта   бæлвырд æмæ  æххæст информаци, уый нымæцы,   визуалонæй.  Ацы принципæй  сты æвзæрст кадртæ дæр.  Чи не мбары (æппын нæу æнæмæнгхъæугæ,  цæмæй  исчи æмбара)  уыдонæн   дæттын  æмбарынгæнæн.  Акцитæ  лæвæрд цауынц  æртæ  сæйраг  къадрæй  спайдайæ,  иудадзыгæй, кæнæ æртæ дæр   кадр иурæстæгонæй  сты  эфиры. Иу у  хæстæг  ракурс – дзырдæй  чи ралæууы  уый  æвдисæг; дыккаг –  сценæйы  иумæйаг кадр; æртыккаг –  иумæйаг  кадр  æппæт фæзы  равдисынæн, уыцы  бынатæй, кæцæй дæр  фæзуат амалуæвæгæй  æххæстæй  цæуы  объективы. Ацы æртæ къадры  дæттынц  æххæст сурæт   парламенты цур, Руставелийы проспектыл   цæугæ  фæзындты тыххæй (ацы  цауы,  змæлгæ  камерæты  кой нæ кæнын, кæцытæ афтæдæр кусынц   бынатыл фæзындты  срухс кæнынæн).   Уымæ  æмбæлгæйæ дæр,  ноджы иу  хатт  хахх кæнын уый, цæмæй  ахæм у редакцион   уынаффæ,  кæцы  æнцойæвæрд у  принципыл –  Æхсæнадæн бадæттæм  бæлвырд, æнæфæсаæйгæ æмæ æххæст  сурæт фæзындты  фæдыл.  Раст  ай  у æхсæнады  интерес  æмæ нæ демонстрантты кæнæ интерес дарæг   къордты. Уый  тыххæй  дæр, уын зæгъын,  нæ журналисттæм ( ацы цауы  мæ хъуыдыйы  нæ дарын  æрмæст репортерты, фæлæ ма  æнæхъæнæй  къорд,  кæцы кусы  фæзындты бынатыл), кæцытæ  базиан сты, иуæй-иу тæ  уæззау,  раст  ацы   фæзындты срухс кæныны  рæстæджы,  ма  баууæндут цæмæй  сæм къухæй  бавналат, кæнæ та сын бауайдзæф  кæнат, уыдон сæ куыст кæнынц зæрдæхæлар æмæ  æхсæнады  интерестæм куыд æмбæлы  афтæ.  Æндæр цауы,  журналисттæн  куыст бахъыг дарыны  тыххæй  лæвæрд æрцæудзыстут  дзуаппмæ.

Дыккаг –  бакйо  уын кæндзынæн, цæмæй  Æхсæнадон Телеуынынады  хæдбардзинад   конституцийæ  гарантиргонд у  æмæ  йæ  редакцион   хæдбардзинадмæ  лæбурд уыдзæн æгæр уæззау  фæстиуджыты æрхæссæг.   Уый æрдомын, цæмæй   акцитæ афтæ срухс кæна  Фыццаг Къанал,   сымахæн  уæ зæрдæмæ  куыд фæцæуа,  уæ зæрдыл дарут, цæмæй растдæр  у  йæ  редакцион  хæдбардзинадмæ хъомыс дарыны архайд. Уый тыххæй дæр  лæвæрд æрцæудзыстут  дзуаппмæ.

Афтæмæй,   уæхи дæр бауромут  хъомыс дарыны  миниуджытæн,  фидиуæнтæй  æмæ  уæ хæлæрттæн  дæр зæгъут  арæхстгæйæ  уой.  Бæрæг куыд у, афтæмæй,   журналистты   æрдæм  цыты æнхъæл сымахæй   ма хъуамæ уæм, фæлæ хиуылхæцндзинад уæ æнæмæнгæй  æрдомдзыстæм», –  банысангонд у «Фейсбукы»  Гиорги Гвимрадзейы   публикацигонд фидиуæны.