Гиорги Гахариайы  официалон визит Сомихыстонмæ, Никол Пашинянимæ фембæлдæй  райдыдта
Гиорги Гахариайы официалон визит Сомихыстонмæ, Никол Пашинянимæ фембæлдæй райдыдта

Гуырдзыстоны  хицауады  сæргълæууæгы, Гиорги Гахариайы   официалон визит  Сомихыстоны Республикæмæ, Сомихыстоны  премьер-министр  Никол Пашинянимæ фембæлдæй  райдыдта.

Гиорги Гахариайæн сцыткæнынæн,  Сомихыстоны  Республикæйы   хицауады  хæдзары, размæ рацыды  официалон церемони  сырæзт.   Гуырдзиаг  коллегæйæн   комкоммæ  фембæлдыл  сфысым кодта  Никол Пашинян.

Фæрстæ  хъусдард раздæхтой  дыууæфарсон хæларсыхагон   ахастытыл   æмæ æндæр  æмæ  æндæр сферæйы  æмкуысткæнынад фæарфдæры æрдæм.

«Махыл æврæд ис  стыр бæрн  –  ай  у нæ  истори æмæ   нæ  фыдæлтæ,  кæцытæ бындур æрывæрдтой  нæ  адæмты æхсæн хæлардзинадæн.   Уырнæг дæн,  аккагæй  сæххæсткæндзыстæм ацы  хæс.  Фæнды мæ  сбæлвырд кæнын, цæмæй   Гуырдзыстоны  хицауад цæттæ  у  фылдæр бакуса уый тыххæй,   цæмæй   гуырдзиаг-сомихаг  ахастытæ  суа ноджы  эффективон дæр, нæ алкæцы  æмбæстагы  фарнæн.  Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй  абон  нæм тынг дзæбæх ахастытæ ис,  разы  стæм, ома  нæ бон у  ацы  ахастытæ ноджы  фылдæр рапарахат кæнын, цæмæй  фылдæр   пайда æрхæссæм  нæ  адæмтæн, уый нымæцы  экономикæйы,  арæзтады, инфраструктурæйы, культурæйы, спорты æмæ  алы  æрдæм», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.

Гуырдзиаг коллегæйæн официалон визиты тыххæй  раарфæ кодта Сомихыстоны Республикæйы  премьер-министр, Никол пашинян.  Уый  йæ  премьер-министрæй уæвыны  иуæй-иу  сеппæтæй  ахсджиаг  æнтыстæй схуыдта,  гуырдзыстонимæ ахастытæ ноджы  бæрзонддæр æмвæзадмæ  скæнын.

«Райгонд дæн,  банысан  кæнон   дыууæ бæстæйы  ахастыты ноджы  фæхуыздæр кæнын алы  сферæйы. Премьер-министрæй афæдз æмæ æрдæгы дæргъы  куысты  периоды,  сеппæтæй  хуыздæр æнтыстæй  схонин  сомихаг-гуырдзиаг  ахастытæ  бæрзонд æмвæзадмæ  скæнын, кæцы   мæнмæ гæсгæ,  нæ иумæйаг  куысты  фæстиуæгæн,   ноджы  фылдæр фæхуыздæр уыдзысты», –  банысан кодта Никол Пашинян.

Комкоммæ   фембæлды фæстæ,  бадзырдтæ ауæрæхгонд  форматы адарддæр ис,  кæцыы хайад истой   дыууæ  бæстæйы  хицауадты минæвæрттæ.