Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, æввахс бонты коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæн 1000-æй ахиздзæн
Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, æввахс бонты коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæн 1000-æй ахиздзæн

Премьер-министр Гиорги Гахариайы  фидиуæнæй,   æввахс  бонты   коронавирусæй  инфицирады   бæрæггæнæн 1000-æй  ахиздзæн.

Уый фæдыл   премьер  фехъусын кодта  хицауады  рабадты фæстæ.

«Уыдис нын  хицауады рабадт, кæцымæ  хицауадæй уæлдай, фæхуыдтам эпидемиологты,  горæты мэры, цæмæй райстаиккам бæрæг уынаффæтæ  бæстæйы  эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ. Зондзыстут æй цæмæй    абон  æмæ   фæстаг бонты   дæргъы, дунейы  сфиксир ис    инфицирады  рекордон  бæрæггæнæн.   Дæнцæн,   знон уыдис 381  мины. Абон Гуырдзыстоны нын ис  рекордон нымæц  -919 фæрынчынуæвæг  адæймаг, цæй зæгъын æй хъæуы, серьозон нымæц  у  æмæ   бæрæг куыд у  афтæмæй,   æввахс  бонты  1000-æй  ахиздзыстæм.   Алчи хъуамæ æмбарæм цæмæй  дунейы  ницы  амал ис  эпидеми  цырдæй  бауромынæн,  карз арæнæвæрдтæй  æмæ локдаунтæй дарддæр» –   фехъусын кодта   Гахариа.

Йæ  ныхæстæм  гæсгæ,   вирус контрол кæныны  процессы,  хицауады   стратеги  уыдзæн  ранæй-рæтты бахъуаджы  цаумæ гæсгæ  арæнæвæрдтæ.

«Фæлæ нын  ис   врус контрол кæныны æмæ æдапатацийы фæдфæдон  пълан.  Уымæн йæ нысаниуæгы  сæйраг компонент  у   бæстæйы  дарддæры   экономикон  рæзынад æмæ цырдæй  сæндидзын кæнын.  Алчи нæ зæрдыл дардзыстæм,  цæмæй  æнæкæсгæ  глобалон  æртъхъирæнмæ,  экономикон конкуренци  посткризисон   экономикæйы  уыдзæн  абсолютонæй  æндæр æмæ  нæ сæйраг нысан у, ацы кризисæй  рафтæ фервæзын, æмæ минималон  зиан æрхæссæм нæ  æмбæстæгты  æнæниздзинадæн  æмæ иурæстæгонæй, нæ  бæстæйы  экономикæйæн.   Уый тыххæй нæ сæйраг   стратеги  ацы  æрдæм у   ахæм –  арæнæвæрдтæ фидар кæнын æрмæст  хъæугæ рæтты, кæцы у  æнæмæнгхъæугæ æмæ  кæцыйæн хъуамæ  уа  цырд фæстиуæг» – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.