Гиорги Гахариайы  дзырдæй, рискъытæм æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны уылты транзит, иу бон дæр урæд не рцыд
Гиорги Гахариайы дзырдæй, рискъытæм æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны уылты транзит, иу бон дæр урæд не рцыд

Бæрзонд рискъытæм æнæкæсгæ,  транзит Гуырдзыстоны уылты  иу  бон  дæр нæ урæд не рцыд – уый фæдыл  премьер-министр, Гиорги Гахариа, парламенты  райхъусын кодта.

Премьеры дзырдæй, зæгъгæ, Гуырдзыстон бафæрæзта,  йæ транзитой  функци  æнæуромгæйæ  æххæст кæнын.

«Æнæкæсгæ бæрзонд рискъытæм, Гуырдзыстоны  уылты  транзит иу бон дæр урæд не рцыд.  Иу боны мидæг   вæййы  иу  минæй  фылдæр уæзласæн   хæдтулгæ.  Минæй фылдæр хæдтулгæ иу боны мидæг нысан кæны  уый цæмæй   дыууæ минæй  фылдæр  тæрæгæн, кæцы иттгæ бæрзонд рискъ хæссæг бæстæтæй  æрцæйцыд  æмæ  штаб  бахъом ис  ацы  процессы  менеджмент афтæ, цæмæй бæстæйæн  инфекцийы ахæлиуы æмæ стынды   рискъ  ма  уыдаит. Фæлæ æнæаипп  нæ  рауад, зондзыстут æй  цалдæр цау нæм уыд,  гуырдзиаг тæрджытæ  инфекци дарддæр кæй  ахæлиу кодтой»- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Премьеры дзырдæй, зæгъгæ банысан кæнын  хъæуы уый дæр, цæмæй  гуырдзиаг тæрджытæ, кæцыты нымæц у  6 мины, сæ куыстбынæттæй  нæ фæцух сты.