Гиорги Гахариа – Зугдиды иттæг уæззау  уавæр фæцис æнæамæттаг, уый уыд сегасдæр сæйраг рард, абон МХМ-ы хæс у, ацы фдракæндгæнæгы цыбырдæр æмгъуыдтæм æрцахсын
Гиорги Гахариа – Зугдиды иттæг уæззау уавæр фæцис æнæамæттаг, уый уыд сегасдæр сæйраг рард, абон МХМ-ы хæс у, ацы фдракæндгæнæгы цыбырдæр æмгъуыдтæм æрцахсын

Цы фæстиуæгмæ æрцыдыстæм, ома  нæ æмбæстæгты, уацары чи бахауд уыдон цард æмæ æнæниздзинадмæ  тас нал  ис, уый у  номыр фыццаг рард, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа  хицауады  абоны рабадтыл  фехъусын кодта.

«Знон Зугдиды сырæзт иттæг вазыгджын уавæр фæцис æнæ амæттагæй.  Уый у  æрмæст номыр  фыццаг рард.  Кæй  зæгъын æй хъæуы,  цы фæстиуæгмæ æрцыдыстæм, ома  нæ æмбæстæгты, уацары чи бахауд уыдон цард æмæ æнæниздзинадмæ  тас нал  ис, уый у  номыр фыццаг рард. Алчи  хорз хъуамæ бамбарæм, цæмæй  МХМ-ы  æмæ  барадхъахъхъæнæг системæйæн æнæхъæнæй, сегасдæр сæйраг  хæс у  абон, ацы  иттæг  уæззау  фыдракæндгæнæгы цыбырдæр æмгъуыдтæм рацахсын. Уый  у   сæйраг, цæуылдæр оперативон-агурæн  мадзæлттæ  цæуынц æмæ кæцы,  кæй зæгъын æй хъæуы,  МХМ хъуамæ сæххæст кæна.  Алчы уыцы закъонон инструмент, бар æмæ фæрæзæй, кæцы сæм ис, ацы нысанмæ баххæссынæн  хъуамæ  спайда кæной, цæмæй  ахæм  фыдракæнды æрдæм æнæвхæрды  æнкъарæн дарддæр макæмæ  фæзына.  Уый у  сæйраг  рард, кæцыйыл кусы МХМ  æмæ хъуамæ  адарддæр кæна  куыст, цалынмæ  кæройнаг фæстиуæгмæ не рцæуа уæдмæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.