Гиорги Гахариа – Уыдзыстæм  тынг  активон, эффективон æмæ  объективон
Гиорги Гахариа – Уыдзыстæм тынг активон, эффективон æмæ объективон

Никуы  тарстыстæм  карз фарстатæй  æмæ  кæддæриддæр цæттæ уыдыстæм, æмбæлон  дзуаппытæ раттын, –  уый тыххæй   журналисттæн   Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  райхъусын кодта.

Гуырдзыстоны хицауады  сæргълæууæг дыууæ  сенаторты   абон ахæлиугонд  фыстæгмæ гæсгæ  фарстыл   ратта дзуапп æмæ  банысан кодта, цæмæй   хицауад   ацы  фарстайыл   тынг активон уыдзæн.

«Куыд æй зонут афтæмæй,   Гуырдзыстонмæ æрцыд  АИШ-ы ног минæвар,  æввахс  периоды   парламенты   делегаци   абалц кæндзæн Америкæмæ.  Бауырнæнт уæ,   уыдзыстæм  тынг активон,  тынг эффективон æмæ уыйимæ иумæ,   объективон дæр, алцыппæт уымæ гæсгæ, цæмæй дæр ерын  ахæм хъæлæба райдыдтат. Ноджы иу хатт хаххгондæй   банысан кæндзынæн –  Америкæйы  Иугонд Штаттæ у  нæ стратегион партнер» –   райхъусын кодта Гиорги Гахариа.