Гиорги Гахариа -  райдайы  ног  программæ «Балц кæн Гуырдзыстоны тыххæй», ай у стыр фадат, ноджы иу  хатт ссарæм  нæ бæстæйы фендтæгтæ
Гиорги Гахариа - райдайы ног программæ «Балц кæн Гуырдзыстоны тыххæй», ай у стыр фадат, ноджы иу хатт ссарæм нæ бæстæйы фендтæгтæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы хъусинагæй, зæгъгæ райдайы   ног программæ «Балц кæн Гуырдзыстоны тыххæй».

Гиорги Гахариа   куыд банысан кодта  афтæмæй,   зæгъгæ алкæмæ  ис  фадат, цæмæй  ногæй  ссара Гуырдзыстоны  цымидисон рæттæ.

«Алкæмæй  уæ  фæнды  ракурын, цæмæй  ацы программамæ  максималонæй активонæй баиу уат.  Алчи дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй  ныр пандемийы  фæрцы  нæм ис фадат,  ногæй  ссарæм  нæ бæстæйы  хуыздæр бынæттæ  æмæ  бацæттæ уæм, æххæстæй  куы  байгом уыдзæн  æхсæнадæмон туризм, цæмæй  нæ уазджытæн уæм хуыздæр фæндагамонджытæ. Активонæй  хъуамæ  спайда кæнæм ацы рæстæгæй,  баххуыс кæнæм фадыгын,  туризмæн, кæцы сегасдæр стыр зиан баййæфта.  Ай  у егъау  фадат,  цæмæй  махæй  алчидæр, нæ бинонтимæ иумæ,  ноджы иу  хатт ссарæм  Гуырдзыстоны  фендтæгтæ,  уыцы  бынæттæ,  кæцыты  тыххæй  искуы  фехъуыстам,   искуы  чиныджы кæнæ статийы   кастыстæм, фæлæ никуы  федтам нæхи цæстæй.  Алы амæлттæй  хъуамæ бацархайæм, цæмæй уыцы  регионтæн, кæцытæй  туристонæй  нысаниуæгджын уыдысты, фенцондæр кæнæм  кризисæй  равзæргæ  проблемæтæ», –  райхъусын кодта Гахариа.