Гиорги Гахариа  премьер-министры рангы куыстмæ рывнæлдта
Гиорги Гахариа премьер-министры рангы куыстмæ рывнæлдта

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  ног постыл   куыстмæ  абонæй   æрывнæлдта.  Гахариа   хицауады администрацимæ  абон сæумæрайсомæй  бацыд.

Гуырдзыстоны парламент Гиорги Гахариайæн  æмæ  хицауады ног скондæн,  æууæнк  знон расидтис.  Хицауад райста 98 депутаты  фарсхæцынад.

Гиорги Гахариа  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   хицауады, 2017 азы 13 ноябрæй   мидхъуыддæгты министры æмæ  вице-премьеры   постытæ ахста.   Афтæдæр уыд   националон æдасдзинады  советы  нымæрдар.

2016 азы  27 ноябр-2017 азы 13 ноябры периоды Гиорги Гахариа   Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынадæ   министр уыд, уæдмæ та  къухдариуæг кодта  экономикон советæн, афтæдæр уыд  Гуырдызстоны  бизнесомбудсмен.