Гиорги Гахариа – Ноджы ма цъус рæстæг хъуамæ бафæразæм  æмæ   дарæм маскæтæ, цæмæй нæ кæрæдзийыл  бацауæрдæм, нæ хъус дарæм нæ карджынтæм
Гиорги Гахариа – Ноджы ма цъус рæстæг хъуамæ бафæразæм æмæ дарæм маскæтæ, цæмæй нæ кæрæдзийыл бацауæрдæм, нæ хъус дарæм нæ карджынтæм

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа   Кахеты  Гурджааны, Дедоплисцъхъаройы, Сигънагъы  æмæ Сагарелдойы   мажоритартæм  депутат  кандидаты, Давит Сонгъулашвилийы  бавдисыны  мадзалыл   дзырдæй ралæуды  рæстæджы,  пандемийы фæдыл  дæр фæныхас кодта  æмæ  цæрджытæм  ноджы иу  хатт æрсидтис,   элементарон рекаомендацитæ æххæст кæнын.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæрынчынуæвджыты  нымæцы  рæзтмæ æнæкæсгæ,  процесс  контролы дæлбар у.

«Цыфæнды  зын  уæнт райсынæн,   куыд фæнды дæр ивæт  нæ æрвылбойнон цардуаг, дохтыртæ нын  куыд амонынц, цъус рæстæгм  ма хъуамæ бафæразæм  æмæ  дарæм маскæ, æрмæст уый тыххæй, цæмæй  нæ кæрæдзийыл бацауæрдæм, бабыхсæм нæ карджынтыл. Æнæкæсгæ  уымæ цæмæй хъыгагæн,  фæрынчынуæвджыты нымæц бæстæйы фылдæр кæны,  нырма  ацы процесс  контрол кнæм. Сæйраг  у, элементарон  фæткæвæрд сæххæст кæнын, сæрмагондæй та хæъуы   карджытæм  хъусдард.  Хъуамæ æмбарæм цæмæй, цас  хуыздæр æххæст кæндзыстæм  дисциплинæ, фæткæвæрд,  афтæ тагъд   басæтдзыстæм ацы фыдæвзарæн æмæ  бирæ тагъддæр  сæндидзн кæндзыстæм экономикæ.  Ныр пандемиимæ дæр тох кæнæм, экономикон  кризисимæ дæр, параллелонæй  æвзæрстытæ дæр хъуамæ ауадзæм, уæлдайдæр афтæ,  цæмæй  макæмæ уал  фæзына  фарстытæ» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.