Гиорги Гахариа, низты контролы æмæ Лугары  центры кусджытæн,  сæххæст куысты тыххæй раарфæ кодта
Гиорги Гахариа, низты контролы æмæ Лугары центры кусджытæн, сæххæст куысты тыххæй раарфæ кодта

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  раарфæ кодта  низты  контролы националон центры   кусджытæн  бæстæйы æмæ   æмбæстæгты  низы тасæй  баиргæъвыны нысанæн аргъ цæмæн нæй   ахæм  ахсджиаг  куысты тыххæй.

Хицауады  сæргълæууæг  æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине  Тъикъарадзеимæ иумæ, абон уыд  низты  контролы  наицоналон центры æмæ  Ричард Лугары номыл  æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды иртасаг центры.

Хицауады администрацийы  пресскуысты информацийæ, низты  контролы æмæ æхсæнадæон æнæнизхъахъъхæды  националон центры  кусджытимæ фембæлдыл,  Гиорги Гахариа бахахх кодта  низты контролы  центры егъау хайбавæр, пандемийы ныхмæ тохы  процессы  æмæ   банысан кодта  цæмæй  растдæр  центры  сгуыхтдзинады руаджы, Гуырдзыстон  бафæрæзта  нырма  пандемийы   агъоммæ  нысаниуæгджын превентивон мадзæлттæ   райсын.

Низты контролы националон центры  директор  Амиран Гамхърелидзе  æмæ  директоры хæдивæг Паата Имнадзе,  премьер-министрæн базонын кодтой  деталон  информаци  уыцы иртасæнты  фæдыл, уый нымæцы  «Ковид-19»-ы дæр,  кæцытæ  Лугары   лабораторийы уадзынц.  Лугары центр «Ковид-19»-ы  иртасын  30 январæй  райдыдта.

Банысан ис, цæмæй  тесттæй басгæрсты  ауæрæхимæ иумæ, диагностикæмæ баиу ис  18  лаборатори – кæд марты   æрвылбойнонæй   73  иртасæн цыд,   сæрды  периоды  тестæй  басгæрст ауæрæхдæр уыдзæн æмæ августы  ацы нымæц  4 000-мæ  ахæццæ уыдзæн, æрмæст  фæззæгмæ та, боны мидæг  10 000-ы онг  æрмæгы тестæй  басгæрст  пълан кæны.

Гуырдзыстоны премьер-министры дзырдæй,  иуылног стандарттæй  ифтонгггонд  лабораторийы  Гуырдзыстоны уæвын, бæстæйæн   дæтты  фадат, эффективонæй бахъом уа  тæссаг низы  диагностикæ  æмæ   эпидцæстдарынад, иуæй-иу  цауты та – регионы   эксклюзивонæй  дæр.

Гиорги Гахариа  бузныг   загъта  Гуырдзыстоны   стратегион   партнерæн –  АИШ-æн, кæцыйы  æххуысы фæстиуæгæн, бæстæйæн   иттæг нсаниуæгджын  институт  абон æнтыстыджынæй  кусы.