Гиорги Гахариа – Местиайы, зæгъæн ис æмæ вирусы фæтæпп  тæккæ афоныл баййæфтам
Гиорги Гахариа – Местиайы, зæгъæн ис æмæ вирусы фæтæпп тæккæ афоныл баййæфтам

Абон уæвæг  уавæры фæдыл  ис зæгъæн, цæмæй  Местиайы  фыццаг  цырд реагиркæныны  къахдзæфтæ  тынг эффективон уыдысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа, æхсæнуагдонон   координацион  советы  рабадтыл, Местиайы  эпидемиологион   уавæрæн аргълæвæрды рæстæджы  райхъусын кодта.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй,  мидхъуыддæгты  министрад  сарæн кодта  змæлд  æмæ  уыцы  арæнæвæрдтæ  сыххæст кодта,   кæцыты сфидар кæнын бахъуыд хицауады æрдгæй.

Премьер-минстры  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ ацы  арæнæвæрдтæ   дискомфорт хæссынц  куыд   бынæттон цæрджытæн, афтæ   уазæгуат  ныццæугæ  туристтæн, фæлæ æмбæстæгты  æнæниздзинад у  сегасдæр  сæйраг.

«Афтæ рауад æмæ  Местиайы  вирусы  виппайды ахæлиу баййæфтам, фæлæ уавæры æххæст сурæт нæм нырма  нæй.  Æз куыд  зонын, афтæмæй,   1 000 тесты æрластой,  кæцыты  дзуаппытæ нырма бæрæг не сты, фæлæ  ацы 1000  анализ цухæй, инфицирады  14 цау  бæрæг сты.  Боны  кæронмæ  зондзыстæм ацы  1000  тесты  фæстиуджытæ  æмæ  нын  уыдзæн  æххæст  информаци, цæмæй  цы  уавæр ис  Сванеты», – райхъусын кодта   Гиорги Гахариа.

Гиорги Гахариайы  дзырдæй,  зæгъгæ  знон Сванетæй  карантины зонæтæм, 919  æмбæстагы  аластой.  Премьер-министр æмбæлгæ  уагдæттæн бахæс кодта, карантины  тыгъдадты  эффективон фæткдæттын срæвдз кæнын.