Гиорги Гахариа - Мах  бæрзонд аргъ кæнæм Туркимæ сæрмагонд  ахастытæн  æмæ райгонд стæм  стратегион партнерад фæарфдæрæй
Гиорги Гахариа - Мах бæрзонд аргъ кæнæм Туркимæ сæрмагонд ахастытæн æмæ райгонд стæм стратегион партнерад фæарфдæрæй

Мах  бæрзонд аргъ кæнæм Туркимæ сæрмагонд  ахастытæн  æмæ райгонд стæм  стратегион партнерад фæарфдæрæй, –  уый  фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр,  Гиорги Гахариа, Турчы   Респбуликæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Мевлут  Чавушогълуимæ  фембæлды рæстæджы  райхъусын кодта.

Ныхасы рæстæджы   баххах ис   Гуырдзыстоны, Турчы  æмæ  Азербайджаны  æхсæн уæвæг    æртæфарсон   формат æмæ банысан ис,  цæмæй   æртæдæр бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты   министрты радæй   8-æм фембæлд  Тбилисы,  кæцыйыл  æндæр æм æндæр   секторы  æмкуысткæнынад  кастæуы,   ацы  форматы   уникалондзинады  бæлвырдгæнæг у.

Гуырдзыстоны премьер-министры  æмæ  Турчы  Республикæйы   фæсарæн хъуыддæгты министры  фембæлды рæстæджы,  хъусдард  здæхт æрцыд   дыууæ бæстæйы   бæрзонд  æмвæзады  стратегион   æмкуысткæнынады  советы  радон   рабадтыл, кæцы  фидæн азы   райдианы  ацæудзæн Анкъарайы.

Ныхас баххæссыд   иумæйаг   проекттæм энергетикæйы æмæ  транспорты  къабæзты,  сæ нымæцы  Хуссары  газы   къæлидоры,  кæцыйы  хай – трансанатолиаг  газдадзæны (TANAP) байгом, Турчы    амæйразмæ  ацыд,  афтæдæр –   Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы   нысаниуæг.

Хицауады сæргълæууæг,  Турчы  Республикæйæн  раарфæ  кодта  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ   суверенитетæн  хъæддых  фарсхæцыны   тыххæй.

Ныхасы  рæстæджы,  афтæдæр банысан ис,  культурæйы   сферæйы   Гуырдзыстон-Турчы  æмкуысткæнынады  нысаниуæг  æмæ  бахха  кодтой   дыууæфарсон  бæрзонд æмвæзады   визитты  динамика,  кæцы  дыууæ бæстæйы  æхсæн  архайæг стратегион   партнерады   ноджы  и  бæлвырдгæнæг у.

Информацийы хъусын кæны  премьер-министры  пресс-куыст.