Гиорги Гахариа -  Майк Помпеойы   иттæг нысаниуæгджын  визиты рæстæджы,  бæрæг ссис  стратегион парнерæн  Гуырдзыстоны  нысаниуæг
Гиорги Гахариа - Майк Помпеойы иттæг нысаниуæгджын визиты рæстæджы, бæрæг ссис стратегион парнерæн Гуырдзыстоны нысаниуæг

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы  визит уыд иттæг нысаниуæгджын, кæцы рæстæджы дæр  бæрæг ссис   стратегион партнерæн Гуырдзыстоны  нысаниуæг, Гуырдзыстоны  дарддæры рæзынады æмæ  Евро-атлантикон  курсы  нысаниуæг, –  уый тыххæй  загъта   Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа   хицауады  абоны рабадтыл, кæцы рæстæджы дæр   комментари сарызта  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары Майк Помпеойы  Гуырдзыстонмæ  визиты фæдыл.

Премьер куыд банысан кодта афтæмæй,   визит зæгъгæ  уыд  тынг ахсджиаг  афон.

«Фæцис  паддзахадон нымæрдары  визит,  тынг ахсджиаг  визит, афтæма  тынг нысаниуæгджын афоны. Сæйраг темæтæ, кæцытæ  æркастыстæм,  уыд  нæ  бæстæты æхсæн стратегион   партнерад  фæарфдæр кæнын, регионон  æдасдзинады  фарстæтæ æмæ АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  æмгуыстады  нысаниуæг ацы  регионалон  процессты цæстæнгасæй,  афтæма  Гуырдзыстоны  роль регионы  цæугæ  процессты», –  фехъусын кодта премьер.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,  сегасдæр сæйраг уый у, ома  паддзахадон нымæрдар  Америкæйы  адæмы æмæ хицауады номæй, Гуырдзыстоны адæмæн  сбæлвырд кодта  æнæфæцудгæ  фарс хæцын бæстæйы  территорион  æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, Евро-атлантикон   рæзынады,  базарадаон æмæ экономикон  ахастытæ фæарфдæр кæныны  æрдгæй.