Гиорги Гахариа - Мæнæн ницы проблемæ ис алы æвзонгимæ, дуармæ чи лæууынц  æмæ семæ аныхас кæнæм цæмæй цымидис кæнынц уый тыххæй
Гиорги Гахариа - Мæнæн ницы проблемæ ис алы æвзонгимæ, дуармæ чи лæууынц æмæ семæ аныхас кæнæм цæмæй цымидис кæнынц уый тыххæй

Мæнæн ницы  проблемæ ис  ацы  æвзонгтимæ,  зæгъæм, фæнды абон ам,  студимæ сæм   куы фæздурæм  дуармæ чи лæууынц æмæ сæ  минæвæрттæм  æмæ семæ  аныхас кæнæм  цæмæй  цымидис кæнынц  уый тыххæй –  уый фæдыл мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа    загъта «ТВ Пирвели»-ы  эфиры, фарстыл,  зæгъгæ цы  загътаит  æвзонгтæн, акцийы  хайадисджытæн.

Министры дзырдæй, æнæмæнгхъæугæ у  кæрæдзимæ хъусын.

«Алчи, фыццаджы  дæр уыцы  æвзонгтæ,  кæцытæ   абон лæууынц  акцийыл,   ницы уæлдай  у цы курынц,  хъуамæ  нæ  зæрдыл бадарæм  æмæ  бамбарæм иу цыдæр –  егъау бæрн у, куы  нымайыс, цæмæй  архайыс  æрвылбойнонæй  бæстæйы интерестæй рацæугæйæ,  ницы уæлдай у,  бæрзонд гæс дæр,  ахсы  исты   позици, акцийыл лæууыс, пъæлицæйыдæ, æви æфсæддон дæ, уый æнхъæл куы дæ цæмæй  дæ архайд  æнцойæвæрд у дæхи субъектон, индивидуалон интерестыл  нæ фæлæ,   æппæтадæмон,  æхсæнадон  æмæ бæстæйы  интерестæм æмбæлгæйæ, уæд хъуамæ  сахуыр уæм иу  цыдæр,  цæмæй нæ кæрæдзимæ  байхъусæм. Мæнæн ницы  проблемæ ис  ацы  æвзонгтимæ,  зæгъæм, фæнды абон ам,  студимæ сæм   куы фæздурæм  дуармæ чи лæууынц æмæ сæ  минæвæрттæм  æмæ семæ  аныхас кæнæм  цæмæй  цымидис кæнынц  уый тыххæй» – райхъусын кодта  министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  пъæлицæй  кæддæриддæр хъахъхæндзæн  сабырадон  акцийы  хайадисджыты, фæлæ  куыддæри акций тыхмидзинады элементтæй   байдзаг уыдзæн, уæд паддзахад  хæсджын у бацархайын.

«Фæлæ иу цыдæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм,  акци, дзырды сæрибар вæййы  сабыр, пъæлицæй  кæддæриддæр   ауддзæн  уыдоныл, раздæр куыд  ауыдыд афтæ,   абон  куыд архайы,  афтæ архайдзæн  сом дæр.   Фæлæ куыддæр, ницы уæлдай у цæй тыххæй,   ацы акци   суыдзæн   тыхмион,райсдзæн штурмы, пъæлицæймæ кæнæ   паддзахадон институттæм лæбурды  равг, уæд хъуамæ зонæм, цæмæй паддзахад, пъæлицæй  хæсджын у, архайа, баирнгъæва паддзахад,  паддзахадон интерестæ  æмæ институттæ, цæмæй  æвзонгтæ   цæрой  демокративон, нормалон  бæстæйы. Цæмæй  сæ фидæн сбæттой  бæстæимæ, цы ран  закъон æмæ барад сты  сæйраг  æмæ нæ  тыхми æмæ  политикъон  уагæвæрды  ивд  физикъон бырсты фæрцы  парламентмæ.  Уый тыххæй  банхъæлмæ кæсæм æвзæрстытæм»- райхъусын кодта министр.

Афтæма  йæ аргълæвæрдæй,  æвзæрстгæнæг æнæмæнгæй  бафхæрдзæн уыцы тыхы, кæцы радикализацийы  фарс хæцы.

«ЧИ фæнды дæр уæд,  оппозици уыдзæн æмæ хицаугæнæг  тых,  радикализацийы  фарс  чи фылдæр хæцдзæн, чи райрæзын кæндзæн  радикализацийы  температурæ,  æвзæрстгæнæг   уый  бафхæрдзæн.   Уырнæг дæн  æмæ  уый  равдисдзысты æвзæрстытæ»- райхъусын кодта мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа.