Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй  æхсæнадон транспорты æдасæй æмæ амалуæвгæйæ  рæхджы скусын кæнын, алцыппæт хъуамæ сырæза
Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй æхсæнадон транспорты æдасæй æмæ амалуæвгæйæ рæхджы скусын кæнын, алцыппæт хъуамæ сырæза

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  къухдариуæгæй, æхсæнуагдонон  координацион советы радон рабадт  ацыд.

Советы уæнгтæ афæлгæстой  уæлрадон уавæры фæуды фæстæ,  хицауады  уынаффæйæ   архайæг  арæнæвæрдты рæнхъ æмæ  эпидемиологион  уавæрмæ гæсгæйæ, сæ   этапгай  аивыны фадæттæ.

«Хицауад æмбары  архайæг арæнæвæрдтæй,  сæрмагондæй  та  транспортты  змæлд  фæурæдæй,  цæрджытæн  сæвзæргæ  зындзинæдтæ æмæ  ноджы иу хатт райхалдзыстæм,  цæмæй   фæнысангонд  къахдзæфтæ,  цæрджыты  æнæниздзинадæн  тасы максималонæй  фæкъаддæр кæныны æмæ коронавирусы ныхмæ тохы  æрдгæй,   цы позитивон  фæстиуджытæ нын ис, уый  цæуынц æххæст», – дзырдæуы   премьеры  пресс-куысты   ахæлиугонд  информацийы.

Афтæма, премьер-министр  банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ алцыппæт хъуамæ сырæза  уый тххæй, цæмæй  æхсæнадон  транспорт æдасæй  æмæ  амалуæвæгæйæ   цыбырдæр æмгъуыдтæм скусын кæнæм.