Гиорги Гахариа Хуссар Кавказы  Дунейы  Банкы регионы  директор, Себастьян Молинеусимæ  фембæлдис
Гиорги Гахариа Хуссар Кавказы Дунейы Банкы регионы директор, Себастьян Молинеусимæ фембæлдис

Диссаджы фембæлд  уыд,  нæ хъуыдытæ  æмхуызон  сты  уыцы æнтыстджын  æмгуыстады фæдыл, кæцы  Гуырдзыстоны хицауад æмæ Дунейы  Банкы иу кæны фæстаг   азты дæргъы – уый фæдыл,  Хуссар Кавказы  Дунейы Банкы  (WB) регионон директор, Себастьян  Молинеус  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Хицауады администрацийы  пресс-куысты  хъусинагæй,  фембæлды сæйраг   æркæсинаг фарстæтæ  Гуырдзыстоны æмæ  дунейы Банкы æхсæн   эффектион æмæ  æнтыстджы  æмгуыстад, вакцинацийы  архайадон  план,  бæстæйы евроинтеграци æмæ структурон реформæты  бонвæтк уыдис.

Себастьян  Молинеус  сбæлвырд кодта  Дунейы Банкы цæттæдзинад, баххуыс  кæна  Евроцæдисы интеграций æрдгæй,  Гуырдзыстоны хицауады сæйраг планы –  2024  азмæ  уæнгсуæвыны фæдыл официалон  куырдиат  æрцæттæ  кæныны тыххæй.

Гиорги Гахариа бахахх кодта уыцы факт, цæмæй  Дунейы Банкы  æххуысæн Covid-19-ы пандемийы ныхмæ  тохы уавæрты стыр позитивон  æндæвдад  ис  бæстæйы экономикæйы  æмæ социалон  фоныл. Банысан ис, цæмæй Дунейы Банк  иууыл ног программæтæ  къухаразæг уыдысты  ахæм нысаниуæгджын реформæтæн, цахæмдæр сты:  пенсион реформæ, депозитты  фæдзæхсыны  системæйы реформæ, капиталы базары апарахат кæныны  реформæ; хицауадон-хицæн  партнерады системæйы райтынг кæнын æмæ æндæр. Премьер-министр  æмæ Дунейы Банкы регионон  директор  2019-2022  азты  партнерады фæлгæтты æмгуыстад фæарфдæр кæныны  цæттæдзинад  равдыстой.

Пресс-куысты баынсан кодтой, цæмæй  ныхас уыд  æмбæстæгты  æмæ  бизнесы нысанон  фарсхæцыны фæдылдзог  этапыл, кæцы баст  у  Covid-19-ы  пандемийы дыккаг уылæнимæ.

Дунейы Банкæн  Гуырдзыстоны ис иуæй-иу  сегасдæр диверсифициргонд портфель  кæцы 2.7  млрд АИШ доллары бæрц у.