Гиорги Гахариа – Хицауады хæс æмæ бæрн у уый, цæмæй æдзух  æвзæрстытæ куыд  уагъдта афтæ  рæстагæй  сæ ауадзæм ныр дæр
Гиорги Гахариа – Хицауады хæс æмæ бæрн у уый, цæмæй æдзух æвзæрстытæ куыд уагъдта афтæ рæстагæй сæ ауадзæм ныр дæр

Ацы закъондæттæн  ивддзинæдты фæстæ,  кæцы æвзарæнон системæимæ у баст, фактиконæй   райдайы  æвзарæнон,  политикон процесс.  Ацы рæстæджы  хицауад хæсджын у  æмæ бæрн у  тынг  стыр, цæмæй  куыд раздæр, афтæ  ауадзæн рæстаг, рухсдзыд  æмæ максималонæй  демокративон æвзæрстытæ, ахæм æвзæрстытæ, кæцы  ноджы иу  гъæды нысан уыдзæн   Гуырдзыстоны  дарддæры демократизацийы  æрдгæй –  уый  фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа,  коронавирусмæ  гæсгæ архайæг  æхсæнуагдонон  советы радон рабадтыл райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй,  æвзæрстытæ   пандемийы  уаваæрты  глобалон  фæлварæн у, кæцы бæстæйæн ратдзæн   æнтыстджын фæлтæрддзинад æрымбырд кæныны  фадат.