Гиорги Гахариа – Хъæууон хæдзарады министрад бизнесæн æххуысы программæтæ уæрæх кæны
Гиорги Гахариа – Хъæууон хæдзарады министрад бизнесæн æххуысы программæтæ уæрæх кæны

Гуырдзыстоны хицауады  рабадтыл  хъæууон хæдзарады  программæтæ  ивындзинæдтыл тæрхон кæнынц.

Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  хицауады   рабадтыл  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   зæгъгæ ацы ивындзинæдты  сæйраг нысан у,  бынæттон кондадæн  баххуыс кæнын, хъæууон хæдзарады  министрад  бизнесæн æххуысы  программæтæ  уæрæхдæр кæны  æмæ  уырдæм хæссы  ахæм къабæзтæ, цахæмдæр сты  æхсæры  бакуыст,  цайы  кондад, хæлцадон  кондад æмæ  ма уырдæм æфтыд уыдзæн  сæнæфсиры  бакуыст дæр.

«Сæнæфсиртонæны  период нæм æрцæуы,  уыцы фарстыл  фæдылдзог рабадтыл  фæуынаффæ кæндзыстæм,  кæцыйыл,  кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ   сæндонгæстæн,  афтæ  куыд æндæр сектортæн, антикризисон пъланæй  баххуыс стæм, фæуынаффæ кæндзыстæм уый фæдыл,  æмæ  та  ацы хатт дæр уыдзæн   эффективон  æххуысы  пакет,   фыццаджы дæр нæ фермертæн», – райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.