Гиорги Гахариа  хæрзбоны фембæлд ауагъдта Лиетувæйы сæрмагонд æмæ  æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны, Гиедриус Поуджунасимæ
Гиорги Гахариа хæрзбоны фембæлд ауагъдта Лиетувæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны, Гиедриус Поуджунасимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, Лиетувæйы  сæрмагонд æмæ  æххæстбарджын  минæвар Гуырдзыстоны, Гиедриус  Поуджунасимæ хæрзбойнон фембæлд ауагъдта.

Премьер-министры  пресс-службæйы  хъусинагæй,   ныхас  цыд  Гуырдзыстон-Лиетувæйы æмахасты  сæйраг фарстатыл,  Гуырдзыстоны-Европаг æмæ евро-атлантикон интеграцийы фæдыл.

Афтæма сæ информацийæ,  минæвар  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодта  Лиетувæйы æрдгæй  æнæфæцудгæ  æнцойад Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.  Гиорги Гахариа  раарфæ кодта Гиедриус  Поуджунасæн  дыууæ бæстæйы  æхсæн æмгуыстад   рапарахаты хъуыддаджы  хайбавæрды тыххæй, æмæ йын æнтыстытæ  ракуывдта  йæ  фидæны куысты.