Гиорги Гахариа Хæдбардзинады бон арфæ кæны АИШ-æн - Гуырдзыстон æмæ АИШ, æууæнкджын, стратегион парнтнертæ сты
Мæнæн намысыхæс у хæдбарадзинады бон раарфæ кæнын нæ стартегион партнер æмæ хларæн, Америккæйы Иугонд Штаттæ; ацы бон нысаниуæгджын у æнæ æрмæст АИШ-æн, фæлæ ма æппæт дунейæн, куыд бон, кæцыйы рæстæджы сырæзт паддзахад, кæцы демократийы æмæ сæрибардзинады символ у алкæмæн, чидæриддæр ацы хæнатимæ æмвæнд у уыдонæн» – ацы ныхæстæй Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хæдбардзинады бон арфæ кæны АИШ-æн.
Хицауады сæргълæууæг хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ растдæр ацы хæзнатæй архайы гуырдзиаг адæм, кæцы хъæддых лæууы сæрибардзинады, демократийы фæфидары, фидар экономикæ арæзтады æмæ сæрмагонд æмбæстæгты æнæниздзинад æмæ фарны сифтонг кæныны фæндагыл.
«Европаг æмæ евроатлантикон итнтеграци махæн приоритетон у нæ æддагон политикæйы, æмæ иумæ кусæм ацы нысæнттæм æрцæуынæн. Фæнды мæ раарфæ кæнын нæ америкаг партнертæн, сæ егъау æххуысы тыххæй ацы процессы» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы стратегион партнерад абон лæууы сегасдæр бæрзонд æмвæзыл.
«Егъау прогрессмææрцыдыстæм сæйраг сферæты æмæ нæ æмгуыстад сбæрзонддæр кодтам ног къæпхæнмæ, уый нымæцы бæстæйы иргъæф æмæ æдасдзинады, афтæдæр базарад æмæ экономикæйы цæстæнгасæй. Нæ бæстæты æхсæн бастдзинад бонæй-бон фидардæр кæны. Ацы рæстæджы ма уынæм ноджы стырдæр потенциал, АИШ-имæ базарадон=экономикон æмгуыстады æрдгæй» – дзуры Гуырдзыстоны премьер-министр.
«Гуырдзыстоны адæмы, Гуырдзыстоны хицауады æмæ мæхи номæй арфæ уын кæнын Хæдбардзинады бон» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа АИШ-ы хæдбардзинады боны фæдыл йæ арфæйы ныхасы.