Гиорги Гахариа -  «Картли Текстилы» ног кондады, фидæн азы  кæронмæ 4000 руставаг райдайдзæн кусын
Гиорги Гахариа - «Картли Текстилы» ног кондады, фидæн азы кæронмæ 4000 руставаг райдайдзæн кусын

Канд ног кусæнуаттæ нæ фæлæ ма  уæвæг  куыстбынæттæ  ма фесафын у  абон Гуырдзыстоны хицауадæн сæйраг рард, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа, Руставы, «Картли Текстилы» ног кондад байгомы церемонийыл дзырдæй ралæуды  рæстæджы райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæгы  дзырдæй,   зæгъгæ иннæ азы  кæронмæ  ацы  кондады 4000  руставаг   кусдзæн.

Уый ма æрымысыд,   цæмæй  кондад  цыппар  мæймæ æрцыд арызт  инвесторты æмæ  «Араз Гуырдзыстоны»-ы  æххуысæй.

«Картли Текстил» у  уыцы  стыр проекты  дарддæрдзу,  кæцыйы  «Ачъара Текстилы»  инвестортæ  æххæст кæнынц  Гуырдзыстоны. Уый  сын нырид цыппæрæм  кондад у Гуырдзыстоны территорийыл  æмæ  алчи дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй  иннæ азы  кæронмæ  ацы  кондады  4000 руставаг бакусдзæн,  уый  у  сегасдæр ахсджиаг.   Нæ рард у, алчи иумæ,  ахæм инвестортæн, ахæм кондадтæ  саразынæн  алы амæлттæй  ацаразæм сæ къух», –  загъта Гиорги Гахариа.

Компани  «Картли Текстилæн», хуийæн  кондад саразынæн  паддзахад зæххы фадыг  уым уæвæг   бæстыхайы  символон аргъæй –  иу ларийæ  алæвæрдта.  Кондад паддзахадон программæ «Араз Гуырдзыстоны»  бенефициар у.  Кондады  арæзтады  æвæрд æрцыд 20 милуан ларийы  инвестици, кæцытæй  10  милуан   лари   программæ  «Араз Гуырдзыстоны»-ы  фæлгæтты  ист  кредит у.

Компани  «Ачъара Текстил» азты  дæргъы  æмгуыст кæны   номдзыд  брендтимæ, сæ нымæцы сты: Nike, ADIDAS, Lotto, Erima, New Balance æмæ  Under Armour .  Компани  100 процентæй  экспортыл ориентацигонд у  æмæ  афæдзы мидæг  15 000 000–æй  фылдæр  иуæг  продукцийы  уадзы  æмæ  йæ  хæссы  экспортмæ.