Гиорги Гахариа – искæмæн дискомфорт æрхæссын нæ  куы бахъæуа,  уæд хатыр ноджы иу хатт ракурдзыстæм
Гиорги Гахариа – искæмæн дискомфорт æрхæссын нæ куы бахъæуа, уæд хатыр ноджы иу хатт ракурдзыстæм

 

Кæд  хатыр ракурын бахъæудзæн,   кæд æнæмæнгхъæуæг суыдзæн искæмæн дискомфорт ракæнын,  уæд ноджы иу хатт ракурдзыстæм –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр   Гиорги Гахариа,   фракци «Патриотты  Альянсы»   рабадтыл загхта.

Депутат,  Гиорги Гахариайы фарста,   цæмæн ракуырдта  хатыр æхсæвы  кълубты  уагъд спецоперацийы  фæстæ.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта  афтæмæй,    сæххæст специалон полицион  мадзал уыд  эффективон  æмæ æнтыстджын,  кæцы  рæстæджы  дæр цалдæр   наркореализаторы  æрцахстой.

«Ахст наркореализаторты  бæрæг   хай  фæдагуырдимæ  æмкуыс кæнынц  æмæ  тынг цымидисон   æвдисæндзырдтæ кæнынц.   Æз  хатыр  уыдонæй нæ куырдтон, æмæ  хъавгæ  дæр нæ  кæнын  æмæ  сæ никуы ракурдзынæн.  Специалон мадзæлтты  уагъды  процессы  тыхбын баистæм  сабырадон   æвзонгтæн  бæрæг дискомфорт  бакæнын.  Æрмæстдæр   уый  тыххæй ракуырдтон хатыр.   Уым банысан кодтон,  цæмæй  никуы  æмæ  ничи  сæмбонд  кæндзæн  полицийы æххæстбартæ,   нæ дæр рæстæг æмæ  нæдæр георгафионæй,  кæд нæм уыдзæн  бæлвырд инфоормаци, цæмæй  ис  бæрæг рискъ,  не мбæстæгты  цард кæнæ æнæниздзинадмæ тас  бартъхъирæн кæна.  Кæд хатыр ракурын бахъæудзæн,   кæд  нын искæмæн дискомфорт æрхæссын бахъæудзæн, уæд дзы   хатыр ракурдзыстæм фæлæ нæ  куыст уæддæр сæххæст кæндзыстæм» –  райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.