Гиорги Гахариа – IMF ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны æнтыстытæ экономикæйы цæстæнгасæй, сæрмагондæй та хицауады бакуыст бизнесæн æххуысы план
Гиорги Гахариа – IMF ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны æнтыстытæ экономикæйы цæстæнгасæй, сæрмагондæй та хицауады бакуыст бизнесæн æххуысы план

Знон ацыд  Æхсæнадæмон Валютон Фонды (IMF) дарддæры,  7-æм фембæлд, кæцыйыл каст цыд  Гуырдзыстон  программæ сæххæсты  7-æм этап æмæ ацы  касты рæстæджы дæр ноджы иу хатт  сбæлвырд ис  Гуырдзыстоны æнтыстытæ   экономикон цæстæнгасæй, сæрмагондæй  экономикон кризисы дзуаппæн  хицауад, бизнесæн æххуысы нысанæн  цы  конкретон план бакуыста  уый –  фехъусын кодта Гуырдызстоны хицауады рабадтыл   Гуырдзыстоны премьер-мсинистры хæстæ æххæстгæнæг  Гиорги Гахариа.

Хицауады  сæргълæууæгы хæстæ æххæстæгæнæгы  дзырдæй,  зæгъгæ   Æхсæнадæмон Валютон Фонды  прогнозмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны  экономикон   рæхзынад  4,3 процентмæ хæстæг у, фæлæ  ма батыдта, цæмæй  иунысанонæй  хъуамæ адарддæр уа  структурон реформæтæ  æмæ  хъусдард здæхт уа  макроэкономикон  бæрæггæнæнтæ сæххæсты дисциплинæмæ.

«Уый æххæссы  мах алкæмæ дæр, уымæн  йæ хъуыдыйы  дары  куыд   хардзты, афтæ æфтиæгты  хай, æнæмæнгхъæугæ у  20221 аз  тынг хъавгæйæ  æмæ  æмбаргæйæ  арвитæм.  Уый у  посткризисон  цырд экономикон  сæндидзын кæныны потенциал,  кæцы ма хъуамæ  фесафæм  куыд  бæстæйы  экономикæйы, афтæма  нæ  æмбæстæгтæн иууылдæр.  Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй  Гуырдзыстон уыд  фыццаг бæстæ, кæцы  Æхсæнадæмон Валютон Фондимæ пандемийы уавæрты экономикон  кризисон   программæ  сбæлвырд кодта æмæ  нын уымæй фæзындис фадат,  доннор организацитæй  рæхджы райстаиккам æххуыс» – банысан кодта Гиорги Гахариа.