Гиорги Гахариа - Гуырдзыстоны  алкæцы æмбæстагæн,  фæсарæнты цæрæг  Гуырдзыстоны  алы  æмбæстагæн,  нæ  абхазаг æмæ ирон  æфсымæртæн  мæ фæнды  раарфæ кæнын 26  май,  уыцы стыр ныфсæй цæмæй иумæ бахъом  уыдзыстæм  нæ  бæстæйы  аразын
Гиорги Гахариа - Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн, фæсарæнты цæрæг Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн, нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæн мæ фæнды раарфæ кæнын 26 май, уыцы стыр ныфсæй цæмæй иумæ бахъом уыдзыстæм нæ бæстæйы аразын

Стыр кад у,  уа нæм фадат, нæ  æмбæстæгтæн  абон, ардгæй   раарфæ кæнæм  26 май –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Вазианийы  цыппæрæм механизиргонд бригадæйы базæйыл  райхъусын кодта, цы  ран   Гуырдзыстоны Хæдбардзинады  бонмæ нывонд  бæрæгбонон  мадзал ацыд.

«102  азы размæ, наицоналон совет   райста  хæдбардзинады фæдыл   акт  æмæ афтæмæй  сарызта   иттæг  нысаниуæгджын къахдзæф  бæстæйы  дарддæр рæзынады æрдæм.  Гуырдзыстоны  историйы   уый  у  иттæг нысаниуæгджын бон æмæ йеуæд, растдæр 26 майы   фыццаг Республикæ,  сбæрæг кодта  нæ бæстæйы  дарддæры  ориентаци.

Алкæцы  гуырдзиагæн, Гуырдзыстоны  алкæцы фæмбæстагæн,  фæсарæнты цæрæг  Гуырдзыстоны  алы  æмбæстагæн,  нæ  абхазаг æмæ ирон  æфсымæртæн  мæ фæнды  раарфæ кæнын 26  май,  уыцы  стыр ныфсæй  цæмæй   иумæ  бахъом  уыдзыстæм  нæ  бæстæйы  арæзтад, æнтыстджын паддзахад  саразын»- райхъусын кодта премьер-министр.

Уый ма сæрмагондæй раарфæ кодта  Хæдбардзинады бон æфсæддæттæн, абон сабырадон мисситы  чи сты  уыдонæн.