Гиорги Гахариа – Гуырдзыстон у стыр фадæтты бæстæ,  хицауады æрыппæрст æмæ фæфæлдæхт та ивгъуыды ныууагъдтам
Гиорги Гахариа – Гуырдзыстон у стыр фадæтты бæстæ, хицауады æрыппæрст æмæ фæфæлдæхт та ивгъуыды ныууагъдтам

Хицауад æрыппарыны  архайд  сын цалдæр хатт уыд  фæлæ сын  иу хатт   ницы  рауадис, нæдæр сын  фидæны рауайдзæн –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр   Гиорги Гахариа   райхъусын кодта.

Ацы  комментарийæ  Гахариа дзуапп ратта,  Вано Мерабишвилийы  абоны куырдиатæн  хицауад æрыппарыны фæдыл.

Гахариайы  дзырдæй,  хицауады  нысан у  сомбон,  фидæн,  фидар Гуырдзыстон,  кæцы,  хицауады æрыппæрсты æмæ   фæфæлдæхты нæ  фæлæ  –   фадæтты  бæстæ у.

«Ацы темæйыл  абон ныхас  кæнын мæ  бынтон нæ фæнды, фæлæ   ноджы иу хатт  сбæлвырд кæндзыæн,  цæмæй  «Националон Змæлд»  у  зноны бон, мах та хъуамæ  хъуыды кæнæм  сомбоны тыххæй, хъуамæ  аразæм  æмæ кусæм, цæмæй  ацы бæстæ  уа, быцæусидтытæ  æмæ фæфæлдæхтыты  бæстæ нæ фæлæ,   уа  фæсивæдæн  стыр фадæтты  бæстæ.   Æмтгæй  райсгæйæ  куы  зæгъæм,  ацы  зноны бон у  тыхдзинады бон, абон  сæрибарæй  уæвны  фыццаг  минутты адæймаг дзуры,  цæмæй  æрыппардзынæн дам хицауад, ацы ныхæстæй,   кæрон скæнын кæнæ  фæивын нæ зæгъы  фæлæ,  дзуры  æрыппардзынæн  дам. Цæй  ма  афтæ  æрныхас кæнæм, цæмæй  мах  кæсæм фидæнмæ. Æрыппарыны  архæйдтытæ  сын цалдæр хатт уыдис, фæлæ сын иу хатт дæр нæ рауад. Нæдæр сын  ерын рауайдзæн исты.  Нæ нысан у сомбон,  фидæн фидар  Гуырдзыстон, кæцы  у   стыр фадæтты  бæстæ.  Хицауады æрыппæрст æмæ   фæфæлдæхтытæ та   ивгъуыды  ныууагъдтам» – райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.

Гуырдзыстоны раздæры  премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты раздæры  министр. Вано Мерабишвили  æфхæрдæххæстгæнæн  уагдон абон  сæумæрайсом  ныууагъда.

А.х.  Матросовы ахæстонæй рацыды фæстæ, Мерабишвили  журналисттимæ сарызта  куырдиæттæ. «Дæттын уын гаранти, цæмæй  иу  афæдзмæ ацы  хицауад  фæуыдзæн» –  банысан кодта Вано Мерабишвили.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ,  «Абоны хицауады æрыппарыны фæстæ,  политахстгондтæн, ацы ахæстоны дуар  фегом  уыдзæн».